Цхинвалы мэрияйы радзырдтой, кӕд скусдзӕн Цхинвалы центры ног скверы фонтан

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы центры ног скверы фонтан
Цхинвалы центры ног скверы фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Базарадон центр "Универмаг" басыгъд 2008 азы хӕсты рӕстӕджы. Бирӕ ӕзты дӕргъы горӕты центры уый лӕууыд ӕдзӕллаг уавӕры. Ныр кӕлӕддзаг бӕстыхайы бынаты сӕвзӕрд аив улӕфӕн къуым

ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Путины уынгыл, раздӕры базарадон объект "Универмаг"-ы бынаты арӕзт скверы сцӕттӕ ис фонтан. Аив къуымы фонтаны ӕхсӕрдзӕнты скуыст къуылымпы кӕны специалистты ӕрцӕуыны проблемӕ, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕввахс рӕстӕджы скусдзӕн ног фонтан

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн ӕхгӕд у ӕртыккаг мӕй коронавирусы апарахатӕй бахизыны охыл. Уавӕр хынцгӕйӕ Цхинвалмӕ сӕ бон нӕу ӕрцӕуын специалисттӕн.

"Кӕлӕддзаг бӕстыхайы бынаты сӕвзӕрд аив улӕфӕн къуым. Хӕрзарӕзт скверы ма цух кӕны йӕ сӕйраг фидыц - фонтан. Уый дӕр у цӕттӕ, фӕлӕ йӕ скусын кӕнынӕн хъӕуы ӕрцӕугӕ специалисттӕ, уыдонӕн та сӕ бон нӕу арӕны сӕрты рахизын", - загътой пресс-службӕйы.

Уым ма ӕрсидтысты фӕсивӕдимӕ, цӕмӕй аудгӕ ахаст дарой ацы хӕрзарӕзт къуыммӕ ӕмӕ та йын уайтагъд ма ныппырх кӕной йӕ рухсытӕ, бандӕттӕ ӕмӕ бырондӕттӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы центры ног скверы фонтан
Цхинвалы мэрияйы радзырдтой, кӕд скусдзӕн Цхинвалы центры ног скверы фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры ног скверы фонтан

Базарадон центр "Универмаг" басыгъд 2008 азы хӕсты рӕстӕджы. Бирӕ ӕзты дӕргъы горӕты центры уый лӕууыд ӕдзӕллаг уавӕры. 2019 азы сӕрды горӕты администрацийы аскъуыддзаг кодта йӕ бынаты саразын сквер. Уӕд ма ноджы иу ахӕм улӕфӕн зонӕйы арӕзтадмӕ бавнӕлдой уынджы кӕрон, турбазӕмӕ хӕстӕг.  

Ног хабӕртты лентӕ
0