"Зынаргъ коронавирус": цас лӕууы Хуссар Ирӕн COVID-19-имӕ тох

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ир карантины
Хуссар Ир карантины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ, сӕйраджыдӕр, хицӕн кӕнынц паддзахады сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады фӕстауӕрцон фондтӕй

ЦХИНВАЛ, 27 мая – Sputnik, Козаты Диана. Коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзынӕн ӕмӕ COVID-19-ӕй рынчынты хоскӕнынадӕн Хуссар Ирыстон ныридӕгӕн рахицӕн кодта 11 милуан сомы. Президенты администрацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрӕзты фылдӕр хай рахицӕн кодтой президент ӕмӕ хицауады фӕстауӕрцон фондтӕй.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Цӕвиттонӕн, уазӕгдон "Алан" сцалцӕг кӕныныл бахардз кодтой 243 мин сомы. Дзауы районы рынчындон бацӕттӕ кӕнынӕн президенты фондӕй рахицӕн кодтой 142 мин сомы.

Югосетпотребнадзор райста иу милуан соммӕ ӕввахс сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ, ифтонггарз ӕмӕ вирусологион лабораторийӕн ӕрмӕджытӕ балхӕнынӕн.

Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн гуманитарон ӕххуыс ласыны хӕрдзтӕн пандемийы рӕстӕджы рахицӕн кодтой 263 мин сомы.

Ацы фӕрӕзтӕ – иу милуан ӕмӕ 600 мин сомы – рахицӕн кодтой президенты фӕстауӕрцон фондӕй.

Хицауадон фондӕй ӕхцатӕ рахицӕн кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъӕнынады министрад, Дзауы район ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрадӕн.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад райстой 6,5 милуан сомы хостӕ ӕмӕ медицинон ӕрмӕджытӕ балхӕнынӕн.

Хуссар Иры прокурортӕ басгардзысты каратиныл уӕвӕг адӕмы хӕлцады фӕдыл хӕрдзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры прокурортӕ басгардзысты каратиныл уӕвӕг адӕмы хӕлцады фӕдыл хӕрдзтӕ

Дзауы районы администрацийӕн рахицӕн кодтой сӕдӕ мин сомӕй фылдӕр районон рынчындонӕн ифтонггарз балхӕнынӕн, афтӕ ма медицинон уагдоны рудзгуытыл хызӕгтӕ сӕвӕрынӕн.

Иу милуан сомы бахардз кодтой УФ ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты курсантты ӕрласыныл, кӕцытӕ цыдысты сӕ фыдыбӕстӕмӕ Уӕрӕсейы ахуыр ӕмгъуыдӕй раздӕр кӕй фӕцис, уый тыххӕй.

Афтӕ ма ӕрдӕг милуан сомӕй фылдӕр бахардз кодта МХМ сӕрмагонд хъахъхъӕнынады ӕмӕ дезинфекцион фӕрӕзтӕ балхӕнынӕн.

Уымӕй дарддӕр, стыр суммӕ хардз кӕнынц карантиныл уӕвӕг адӕмы хӕлцадыл. Пациентты хиуӕтты нал уадзынц хӕссын медицинон уагдӕттӕм хӕлцадон продукттӕ.

Инфекциимӕ тох нырма нӕ фӕцис. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад нырма цӕуынц аст адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ. Афтӕ ма республикӕмӕ ӕрцӕудзысты МХМ курсанттӕ ӕмӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ ФХМ хаххыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0