Куыд нысан кӕнынц Цхинвалы Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

© Sputnik / Наталья АйриянСывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбон уагъд цӕуы арӕнӕвӕрдты уавӕрты, кӕцытӕ баст сты республикӕйы коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзынимӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Июны фыццаг бонты дунейы бирӕ бӕстӕты нысан кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон бон. Хуссар Ирыстоны ацы бон уагъд цыдысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ Театралон фӕзуатыл. Ацы аз арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты тыххӕй столицӕйы фӕзуатыл бӕрӕгбон нӕ уыдзӕн.

Горӕт Цхинвалы культурӕйы хайады хистӕр Тасойты Игорь куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ аргъӕвтой хуыздӕр рӕстӕгмӕ.

"Мах абон дӕр цӕттӕ стӕм сорганизаци кӕнын бӕрӕгбон, фӕлӕ ацы уавӕры тыххӕй нӕ рауайдзӕн. Сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕнын нырма нӕй гӕнӕн, хъӕуы хъуыды кӕнын се 'нӕниздзинадыл", - загъта Тасойты Игорь.

Уый банысан кодта, фыццаг кӕй нывӕндысты ауадзын онлайн-бӕрӕгбон, фӕлӕ Хайадӕн уыййас техникон фӕрӕзтӕ нӕй.

Массон бӕрӕгбон кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ бирӕ ныййарджытӕ аразынц чысыл бӕрӕгбонтӕ сӕ сабитӕн.

Бибылты Анатолий бафыста барамынд сывӕллӕттӕн фиддонты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бафыста барамынд сывӕллӕттӕн фиддонты фӕдыл

Аниматор Зарина Соколова радзырдта, кӕй йӕ фӕхуыдтой столицӕйы микрорайонтӕй иумӕ бӕрӕгбонмӕ.

"Фӕдзырдтой мӕм мадзалмӕ. Загътой, кӕй сӕ фӕнды саразын сюрприз сабитӕн. Бӕрӕгбон уыдзӕн анимациимӕ. Ӕз аскъуыддзаг кодтой, кӕй сӕм ӕрбацӕудзӕн мультик "Фиксики"-йы хъайтартӕй иу, уымӕн ӕмӕ бӕрӕгбоны уыдзысты лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ дӕр", - бахахх кодта уый.

Ӕндӕр ныййарджытӕ та сӕхӕдӕг сорганизаци кӕндзысты бӕрӕгбон сӕ сывӕллӕттӕн. Дыууы чызджы мад Тедеты Алина радзырдта Sputnik, бӕрӕгбон кӕй банысан кӕндзысты балцӕй хиирхӕфсӕн центрмӕ.

Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон бон нысан кӕнынц ӕппӕт дунейы 1950 азӕй фӕстӕмӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон демократион федерацийы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ.

Коронавирусы пандемийы тыххӕй ацы бӕрӕгбон Уӕрӕсейы горӕтты нысан кӕнынц онлайн хъӕзтытӕ ӕмӕ конкурстӕй.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад райста мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн: марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты карантиныл ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ култьтурон-массон мадзӕлттӕ уадзыныл.

Афтӕ ма тобӕ сӕвӕрдтой Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл 30 июны онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у Гуырдзыстонимӕ арӕн дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0