Цхинвалы цалдӕр уынгыл ивынц зӕххы бын коммуникацитӕ

© Фото очевидцаЦхинвалы цалдӕр уынгыл ивынц зӕххы бын коммуникацитӕ
Цхинвалы цалдӕр уынгыл ивынц зӕххы бын коммуникацитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ранымайгӕ адрестыл коммуникацитӕ ивд никуы рцыдысты. Хӕтӕлтӕ сты аварион уавӕры, радгӕсон службӕмӕ цӕрджытӕ арӕх фӕдзурынц сӕ проблемӕйы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал" ивы зӕххы бын коммуникацитӕ столицӕйы къорд уынгыл. Кусджыты хъусдард ныридӕгӕн здӕхт у Джиоты Аланы проспекты 130, 130А, 128, 128А ӕмӕ 128В хӕдзӕртты кӕртытӕм, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сӕйраг инженер Джиоты Инга.

Ранымайгӕ адрестыл коммуникацитӕ ивд никуы рцыдысты.

"Арӕзтадон-монтажон куыстӕм банӕлдтой 26 майы. Хӕтӕлтӕ сты аварион уавӕры, ӕвзӕр тӕф сӕ кӕлы, нӕ радгӕсон службӕмӕ цӕрджытӕ арӕх фӕдзурынц сӕ проблемӕйы тыххӕй. Хӕтӕл ссыгъдӕг кӕнӕм, фӕлӕ та дыууӕ боны фӕстӕ проблемӕ сног вӕййы. Бынаты кусы дыууӕ бригадӕ улӕфт бонты дӕр ӕмӕ дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ фӕнд кӕнӕм фӕуын куыстытӕ", - загъта уый.

Инженеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, администрацийы хӕслӕвӕрдмӕ ӕнгӕс куыстытӕ балхынцъ сты ӕндӕр уынгтыл дӕр.

Цхинвалы æрæвнæлдтой Фидауынгæнджыты уынджы хæрзарæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрæвнæлдтой Фидауынгæнджыты уынджы хæрзарæзтадмæ

"Сталины 96, 98, Фидауынгӕнджы уынгтыл 5,6,8 ӕмӕ 10 хӕдзары, стӕй ма Путины уынгыл ныридӕгӕн фесты коммуникацитӕ ивыны куыст", - загъта уый.

Уыимӕ иумӕ ма столицӕйы цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ 2020 азы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты дӕр, ӕмткӕй хъусдард аздахдзысты 8 уынгмӕ.

"Майы кӕрон балхынцъ сты Кимы уынгтыл куыстытӕ. Дарддӕр кусынынц Белинский ӕмӕ Базарадон уынгтыл,  сомӕй райдайдзысты Табуты Родион ӕмӕ Революцийы уынгтыл. Нывӕзты ма ис ноджы Нӕузӕххонты, Плиты Ароны ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл куыстытӕ", - бафтыдта Джиоты Инга.

Уый ма радзырдта, ацы куыстыты фӕстӕ дӕр нырма коммуникациты проблемӕ лыг кӕй не 'рцӕудзӕн - 2021 ӕмӕ 2022 ӕзты дӕр ӕнгӕс куыстытӕ цӕудзысты фӕйнӕ аст уынгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0