Цхинвалгӕрон хъӕуы сыгъдӕг кӕнынц донхӕры хахх

© Sputnik / Наталья АйриянДонхӕры хахх
Донхӕры хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы хахх бирӕ ӕзты дӕргъы уыд ӕнӕхъусдард, Дӕллаг Гудзабары 160 хӕдзары бӕрц тыхстысты доны цухдзинад ӕмӕ хаххы ӕвзӕр тӕфӕй

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕгӕрон хъӕу Дӕллаг Гудзабары донхӕры канал сыгъдӕг кӕны паддзахадон унитарон куыстуат "Мелиорация", фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы районы администрацийы сӕрдар Мамытаты Вахтанг.

Хъабанты бинонты хӕдзарад  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыст цардӕн фӕрӕз: цӕй фӕрцы дидин калы Хъабанты бинонты хӕдзарад

Цхинвалы районы Дӕллаг Гудзабары хъӕуы донхӕры хахх бирӕ ӕзты дӕргъы сыгъдӕг нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы иуӕй ӕвзӕр цыд дон, аннӕмӕй та тӕвд рӕстӕг ӕвзӕр тӕф кодта. Ардӕм сӕ цардуагон бырон калдтой хъӕуы цӕрджытӕй кӕцыдӕртӕ сӕхӕдӕг дӕр. Донцӕуӕн ссыгъдӕг кӕныныл Гудзабары цӕрджытӕ дзырдтой рагӕй, сӕ проблемӕйы тыххӕй ныффыстой суанг президентмӕ дӕр.

"Президенты хӕслӕвӕрдммӕ гӕсгӕ, паддзахадон унитарон куыстуат "Мелиорация" бавнӕлдта донхӕры хахх сыгъдӕг кӕнынмӕ", - загъта районы разамонӕг.

Цхинвайлы районы Дӕллаг Гудзабары хъӕуы цӕры 160 хӕдзары бӕрц, уыдонӕн, фылдӕр бӕрцӕй, ис цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын дон нырмӕ нӕ фаг кодта.

Ног хабӕртты лентӕ
0