Хуссар Иры Нагутнийы улӕфӕндоны баконд фӕфӕстиат пандемийы тыххӕй

Рафыссын
Ныридӕгӕн улӕфӕндон цӕттӕ цӕуы уазджыты райстмӕ, ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны охыл ӕххӕст цӕудзысты "Югосетпотребнадзор"-ы рекомендацитӕ

ЦХИНВАЛ, 8 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъӕуы уӕвӕг улӕфӕндон "Ныфс" бакӕндзӕн йӕ дуӕрттӕ июлы райдайӕны. Санаторийы баконд ацы аз фӕфӕстиат пандемийы аххосагӕй, фехъусын кодта Sputnik йӕ хистӕр Чилӕхсаты Владимир.

"Ныфс" ӕрвылаз дӕр йӕ куыст райдайы 20 июны.

"Фӕнд кӕнӕм скусын кӕнын уагдон июлы райдайӕны. Ныридӕгӕн улӕфӕндон цӕттӕ цӕуы уазджыты райстмӕ. Улӕфджыты ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны охыл ӕххӕст цӕудзысты "Югосетпотребнадзор"-ы рекомендацитӕ", - загъта уый.

Фӕлӕ Ирыстоны улӕфджыты уарзон къуымы инфраструктурӕ у хуыздӕрхъуаг - бирӕ ӕзты дӕргъы ам ис бастдзинад ӕмӕ рухсы проблемӕ.

Нагутнийы «Ныфс» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нагутнийы «Ныфс»

"Ивгъуыд азы кӕрон президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ райдыдтой электронон хаххы арӕзтад, фӕлӕ стӕй фӕкъуылымпы ис. Дыууӕ азы размӕ санаторимӕ фӕндаджы арӕзтадӕн дӕр хицӕн ӕрцыд фӕрӕзтӕ, фӕлӕ дзы саразын ницы бантыст, уый фӕстӕ хъуыддаг бахауд барадхъахъхъӕнӕг оргаты хъусдарды бын", - радзырдта улӕфӕндоны хистӕр.

Чилӕхсаты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Знауыры районы администрацийы архайгӕ хистӕр Хуыбиаты Роберт ныфс дӕтты улӕфӕндонмӕ фӕндаджы уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕй.

"Метехы хъӕуы онг загъта хӕрзарӕзт фӕндаг саразын, уымӕй мидӕмӕ та йын йӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын. Уый стыр лӕггад уаид канд махӕн нӕ, фӕлӕ ма улӕфджытӕн дӕр", - банысан кодта уый.

Ӕрвылаз дӕр сӕрдыгон рӕстӕджы ацы улӕфӕндоны бындурыл баулӕфы 200 адӕймаджы, уыдоны цыппӕрӕм хай ӕрцӕуы Уӕрӕсейӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0