Инвестицион нывæзты фæлгæтты Хуссар Иры сараздзысты 522 ног фатеры

© Sputnik / Ада БагианИнвестицион нывæзты фæлгæтты Хуссар Иры столицæйы сараздзысты 450 фатеры
Инвестицион нывæзты фæлгæтты Хуссар Иры столицæйы сараздзысты 450 фатеры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æввахс æртæ азы Хуссар Иры столицæйы самайдзысты æхсæз корпусы, фæйнæ дыууæ та Дзау æмæ Знауыры поселокты

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2020-2022 æзты Инвестицион нывæзты фæлгæтты арæзт ӕрцæудзæн 522 ног фатеры Цхинвал æмæ районты. Ног арæзтæдтæ фæзындзысты столицæ, Дзау æмæ Знауыры районон центрты, фехъусын кодтой Sputnik арæзтады министрады пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны столицæйы цæрæнуатмæ рады лæууынц 2 минмæ æввахс бинонтæ, цæрæнуатон къамистæ кусынц районты дæр.

"Хуссар Ирыстоны 2020-2022 æзты Инвестицион нывæзты фæлгæтты арæзт цæудзысты бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ столицæ æмæ районты. Сæ нымæцы ног арæзтæдтæ æмæ аварион хæдзæртты бынаты бæстыхæйттæ. Ацы æртæ азы арæзтадон фæзуаттæ æрбынат кæндзысты Дзау æмæ Знауыры районон центрты, столицæйы Ирæтты, Харебаты Исахъы, Хъайтарты æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгтыл", - загътой пресс-службæйы.

Уым ма радзырдтой, банысангонд æзты æрмæст столицæйы цæрæнуатон фонд кӕй баххæст уыдзæн 450 фатерæй, фæйнæ дыууæ корпусы фæзындзæн районты, уыдон та сты 18 фатеронтæ.

Сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ цæрæнуæттæ: Знауыры район 2019 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ цæрæнуат: Знауыры район 2019 азы

2020-2022 æзты Инвестицион нывæзты фæлгæтты Хуссар Иры цæрæнуатон фарстæй дарддæр цалцæг æмæ арæзтадон куыстытæ æххæст цæудзысты социалон фадыджы дæр. Ацы æмгъуыд Цхинвалы сцалцæг кæндзысты зæронд Гуырæн хæдзар æмæ Психо-нервологон диспансер РБМК территорийыл.

Æрбалæугæ æртæ азы Цхинвал баххæст уыдзæн ноджы иу сабидон æмæ скъолайæ. Дзауы районы та фæзындзæн сæрдыгон улæфæн лагерь сывæллæттæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0