Югосетпотребнадзор ногӕй басгӕрста зӕрдӕхсайгӕ тесттӕ: ног рынчынтӕ нӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты фылдӕр хай ныридӕгӕн сӕнӕниз сты. Инфекцион хайады ма ис 32 пациенты

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты. Ивгъуыд суткӕйы Югосетпотребнадзоры лабораторийы нӕ ауагътой ног тесттӕ, уымӕн ӕмӕ медиктӕ ногӕй басгӕрстой раздӕры тестты фӕстиуджытӕ, кӕцытӕ сӕм фӕкастысты зӕрдӕхсайгӕ, фехъусын кодта уагдоны сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

РБМЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
COVID-19 Хуссар Иры: Югосетпотребнадзоры радзырдтой уавӕры тыххӕй

Республикӕйы ног рынчынты нӕ бӕрӕг кӕнынц ӕртыккаг бон фӕд-фӕдыл. Амӕйразмӕ сӕйраг санитарон дохтыр банымадта коронавирусы фӕдыл уавӕр стабилоныл.

"Знон специалисттӕ ногӕй басгӕрстой анализтӕ, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайдта. Уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Гаглойты Анна.

Дохтырты хъусдарды бын сты 264 адӕймаджы, фондз сты хиизоляцийы.

Хуссар Ирыстоны майы райдайӕнӕй ауагътой 1765 анализы, уыдонӕй коронавирусы уӕвынад сбӕрӕг кодтой 66 адӕймагӕн. Сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой. Инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 32 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0