Цхинвалы цад ссыгъдӕг кодтой быронӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цад ссыгъдӕг кодтой быронӕй
Цхинвалы цад ссыгъдӕг кодтой быронӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цады дон ауагътой уалдзӕджы райдайӕны, уӕд бавнӕлдтой йӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ дӕр. Ныридӕгӕн цардмӕ радтой дон.

ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы цад ссыгъдӕг кодтой цардуагон бырон ӕмӕ дурӕй. Донӕмбырдгӕнӕны найыны бар уыдзӕн санитарон службӕты уынаффӕйы фӕстӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы кусӕг Коцты Зӕринӕ.

Цхинвалы цады дон ауагътой уалдзӕджы райдайӕны, уӕд бавнӕлдтой йӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ дӕр. Ныридӕгӕн цардмӕ радтой дон.

"Коммуналон службӕтӕ ныссыгъдӕг кодтой цад, бафснайдтой йӕ алфӕмбылай территори", - загъта уый.
Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон
Горæты цад ссыгъдæг кодтой чъизийæ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ санитарон службӕтӕ сахуыр кӕной цады доны уавӕр, уӕдмӕ дзы найын нӕй гӕнӕн.

"Цад донӕй куы байдзаг уа, уӕд йын йӕ донӕн Югосетпотребнадзоры кусджытӕ сараздзысты ахуыртӕ, кӕд дон ӕмбӕлон уагыл уа ӕмӕ найынӕн бӕзза, уӕд ам кусдзӕн ирвӕзынгӕнджытӕ дӕр", - бафтыдта уый.

Столицӕйы цад ӕвӕрд у Цхинвалы хуссар-скӕсӕн фарс, йӕ тӕккӕ фарсмӕ ис сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн фӕзуат, ам ӕппынӕдзух вӕййы бирӕ адӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0