Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд

© Facebook / Анна ГассиеваХуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд
Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Активисттӕн нырмӕ бантыст бакӕнын социалон хызӕджы къорд, кӕцыйы сконды ис 533 архайӕджы, афтӕ ма райстой сӕхимӕ дӕсгай куыйтӕ ӕмӕ гӕдыты, кӕцытӕн ссардтой хицӕуттӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд "Хӕдзармӕ фӕндаг". Ӕхсӕнадон организаци цӕттӕ кӕны йӕ гӕххӕтытӕ регистрацимӕ.

© Facebook / Анна ГассиеваХуссар Ирыстоны фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд
Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд

Активисттӕн нырмӕ бантыст бакӕнын социалон хызӕджы къорд, кӕцыйы сконды ис 533 архайӕг, афтӕ ма райстой сӕхимӕ дӕсгай куыйтӕ ӕмӕ гӕдыты, кӕцытӕн ссардтой хицӕуттӕ.

"Активисттӕ ныридӕгӕн сӕ гӕххӕтытӕ радтой регистрацимӕ, цӕмӕй сфидар кӕной цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд "Хӕдзармӕ фӕндаг". Гӕххӕттытӕ фидар куы рцӕуой, уӕд гӕнӕн уыдзӕн домын зӕххы фадыг аздонӕн",- загъта Sputnik волонтер Габайты Зӕлинӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 10 адӕймаг активонӕй архайынц ӕнӕхицау куыйтӕ ӕмӕ гӕдыты хъысмӕтыл.

© Facebook / Анна ГассиеваХуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд
Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд

"Фидӕны фонды чызджытӕ ӕнӕхицау къӕбылатӕ ӕмӕ гӕдыйы лӕппынтӕн хӕрын кӕныныц, агурынц сын хицӕуттӕ. Мӕ горӕтгӕрон цӕхӕрадоны ис 7 къӕбылайы" , - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0