Цхинвалы рӕстӕгмӕ ӕрӕхгӕдтой автотранспорты змӕлд

© Sputnik / Алексей КовалевРауагъдон бал
Рауагъдон бал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ бакодтой рӕстӕгмӕ ӕмӕ баст сты мадзӕлттимӕ, кӕцытӕ нывонд сты ахуырадон азы фӕудӕн

ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 17 ӕмӕ 18 июны ӕрӕхгӕндзысты транспортон фӕрӕзты змӕлд. Ацы мадзӕлттӕ баст сты рауагъдон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕтк сӕххӕст кӕнынимӕ.

"17 июны 08:30 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Гаглойты Владимир ӕмӕ Цоциты Василийы уынгты алвӕндӕгтӕ суыдзысты фистӕгонтӕ", - дзырдӕуы республикӕйы МХМ хъусинаджы.

Афтӕ ма, Театралон фӕзуатыл бӕрӕгбонон концерты рӕстӕджы 18 июны 18:00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг ӕрӕхгӕндзысты Сталины – Тӕболты Сергейы, Сатлины -  Пушкины, Хетӕгкаты Къостайы - Тугъанты Махарбеджы уынгты алвӕндӕгтӕ.

Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бахастой ивындзинӕдтӕ коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты фӕдыл уынаффӕмӕ

Уымӕй дарддӕр Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ сӕ хъусдардмӕ райсдзысты горӕт ӕмӕ республикӕйы фӕндӕгтӕ. Фӕндагон змӕлды фӕткхалджыты ӕрбаздахдзысты бӕрнмӕ.

Паддзахадон автинспекци ӕрсидт рауагъдонты ныййарджытӕм, цӕмӕй ӕнахъомты ма уадзой бадын хӕдтулгӕтыл шофыртӕй.

"Ацы фӕткхалды фӕдыл административон бӕрнмӕ гӕсгӕ, транспортон фӕрӕз ӕруромдзысты ӕмӕ бафидын кӕндзысты егъау ивар", - бахахх кодтой МХМ.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, рауагъдон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕндзысты республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты ӕртӕ сӕдӕмӕ ӕввахс кусӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0