Хуссар Иры ссардзысты ирӕтты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья Айриян Хуссар Иры ссардзысты ирӕтты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардзысты ирӕтты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы 20 июны ацӕудзӕн Ирӕтты геноциды амӕттӕгты фыццаг Мысӕн бон. Зӕрдылдарӕн датӕйы фӕдыл барамынд бафыста марты президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны сабаты ацӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты геноциды амӕттӕгты Мысӕн бонӕн.

Хуссар Иры ацæудзысты ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æнæ митингæй: Хуссар Иры ацæудзысты 1920-ӕм ӕзты геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ

2020 азы сӕдӕ азы ӕххӕст кӕны ирон адӕмы геноцидыл, кӕцы сӕххӕст кодта Гуырдзыстоны къухдариуӕгад 1920 ӕзты. Ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн бон банысан кӕндзысты 20 июны - 13 ирон коммунары гуырдзиаг ӕфхӕрджытӕ куы фехстой, уыцы цауы афӕдзы бон. Зӕрдылдарӕн датӕ сфидар кӕныны фӕдыл барамынд марты бафыста президент Бибылты Анатолий. Июны райдайӕны паддзахады сӕргълӕууӕг бафыста ноджы иу барамынд – ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн боны фыдох расидыны фӕдыл.

Коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй нывӕзтон егъау мадзӕлтты фылдӕр хай нал ауадздзысты.

Мысӕн датӕ банысан кӕндзысты альпинистты хӕрдмӕсцыдӕй ӕнӕном бӕрзӕндмӕ. 20 адӕймаджы скондӕй къорд ацӕудзӕн хӕххон фӕндӕгтыл, кӕцытыл сӕдӕ азы размӕ геноцидӕй лыгъдысты цӕгатмӕ лигъдонтӕ.

 Еналдыты Барис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Еналдыты хотӕ ирон адӕмы геноциды рӕстӕджы сӕ фыды фыдӕбӕтты тыххӕй

Фыдохы бон республикӕйы бӕстыхӕйтты ӕруадздзысты Паддзахадон тырысатӕ. Афтӕ ма республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ ӕхсӕнад сӕвӕрдзысты дидинтӕ 13 коммунары цыртдзӕвӕнмӕ, кӕцы ссис ирон адӕмы хъайтардзинады символ.

ПТРК "ИР"-ы эфиры раныхас кӕндзӕн президент Бибылты Анатолий.

20 июны ӕмбисбон расидтдзысты Ӕппӕтнацион ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ уысм. Хуссар Ирыстоны аргъуанты ацӕудзысты панихидӕтӕ геноциды амӕттӕгты фӕдыл.

Уый фӕстӕ республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ районты суаддзысты уӕлдӕфон тымбылӕгтӕ, кӕцытыл уыдзӕн фыст "Рухсаг ут!".

Театралон фӕзуатыл ӕнӕхъӕн бон уыдзӕн классикон ӕмӕ адӕмон фыдохы музыкӕ, ӕрвыл сахат та аргъуанты зӕлланг кӕндзӕн дзӕнгӕрӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0