Хуссар Иры хӕстыты ветеранты схорзӕхджын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады майдантӕй

© МО РЮОХуссар Иры хӕстыты ветеранты схорзӕхджын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады майдантӕй
Хуссар Иры хӕстыты ветеранты схорзӕхджын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады майдантӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим банысан кодлта Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты хъӕбатырдзинад ӕмӕ хъайтардзинад, афтӕ ма сын загъта бузныг сӕ царды активон позицийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим радта хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн уагдонон хорзӕхтӕ "За воинскую доблесть" паддзахады сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады фӕдыл тохмӕ хайбавӕрды тыххӕй, хъусын кӕны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад

Фембӕлды рӕстӕджы Гассеты Ибрагим банысан кодта фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕхсардзинад бӕстӕйӕн уӕззау рӕстӕджыты ӕмӕ сын бузныг загъта сӕ активон позицийы тыххӕй. Министр ма радзырдта национ гарзджын тыхты размӕцыды перспективӕты тыххӕй.

"Республикӕйы иу хъахъхъӕнӕг дӕр нӕ баззайдзӕн ӕнӕ хъусдардӕй хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгады ӕрдыгӕй", - бахахх кодта уый.

Хӕстон архӕйдтыты ветерантӕ дӕр бузныг загътой министрӕн йӕ хъусдар ӕмӕ бӕрзонд хорзӕхты тыххӕй.

Фембӕлды кӕрон ветеранты фӕхуыдтой ӕфсӕддон полигон ӕмӕ ахуырадон центрмӕ, цӕмӕй феной цӕттӕкӕнынады процесс, афтӕ ма хайад райсой ӕхстыты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0