Цхинвалы ӕрцахстой рынчындоны территорийыл ӕхсыны зӕрдӕхсайгӕйы

© Пресс-служба МВД Южной ОсетииЦхинвалы ӕрцахстой рынчындоны территорийыл ӕхстыты зӕрдӕхсайгӕйы
Цхинвалы ӕрцахстой рынчындоны территорийыл ӕхстыты зӕрдӕхсайгӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цау ӕрцыд хуыцаубоны изӕры. Нӕлгоймаг бахызт рынчындоны территоримӕ ӕмӕ райдыдта ӕхсын

ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕйы, кӕцы райдыдта ӕхсын республикон бирӕпрофилон медицинон центры территорийыл. Уый тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

МХМ информацимӕ гӕсгӕ, ӕбӕрӕг гоймаг бахызт рынчындоны территоримӕ ӕмӕ райдыдта ӕхсын.

"Цау ӕрцыд 20:05 сахатыл. МХМ оперативон-фӕдагурӕн къорд ацыд цауы бынатмӕ ӕмӕ ӕрцахста зӕрдӕхсайгӕйы. Хӕцӕнгарз байстой. Уагъд цӕуы фӕдагуырд", - дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Амӕйразмӕ, 10 июны, милицийы кусджытӕ Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой хӕдархайгӕ хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны зӕрдӕхсайгӕты.

Ног хабӕртты лентӕ
0