Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл
Хуссар Иры 2 мин адӕймагӕй фыдӕр схъӕлӕс кодтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕртӕ ӕвзарӕн фадыгмӕ адӕм активӕнӕй цӕуынц – хъӕлӕсӕппӕрст цӕуы ӕнӕ уӕлвӕткон цаутӕй, фехъусын кодтой уӕрӕсейаг минӕварады

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕвзарӕн фадгуыты Уӕрӕсейы Сӕйраг законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттыны цыппар бонмӕ сӕ граждайнаг хӕс сӕххӕст кодтой дыууӕ мин адӕймагӕй фылдӕр, фехъусын кодта Sputnik минӕварады консулон хайады хистӕр Сергей Алексеев.

Уӕрӕсе ӕмӕ бӕстӕйы дипломатон минӕварадты фӕсарӕнты 25 июны райдыдта хъӕлӕсдӕттын Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл. Схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр – 25 июнӕй, ӕмӕ хъӕлӕсдӕттыны бон – 1 июлы.

"Адӕм активонӕй цӕуынц. 28 июны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ республикӕйы схъӕлӕс кодтой 2316 адӕймаджы. Фадыгон ӕвзарӕн къамисты куысты рӕстӕджы ӕххӕст цыдысты Уӕрӕсейы Централон ӕвзарӕн къамисы санитарон домӕнтӕ ӕмӕ рекомендацитӕ коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл", - банысан кодта Алексеев.

"Цӕстдарджытӕ фадыгмӕ не ‘рбацыдысты. Ӕвзарӕн фадыджы уӕлвӕткон цаутӕ не сбӕрӕг кодтой", - бафтыдта уый.

Хуссар Иры хъӕлӕс кӕнынц Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъӕлӕс кӕнынц Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл

Хъӕлӕсдӕттыны процесс сорганизаци кодтой коронавирусы тасы фӕдыл ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Алкӕцы дыууӕ сахаты территори дезинфекци кӕнынц, афтӕ ма рады лӕууынц медикты дыууӕ сменӕйы.

Уӕрӕсейӕгтӕн Хуссар Ирыстоны хъӕлӕс раттыны фадат ис УФ минӕварады, уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕн та бакодтой дыууӕ ӕвзарӕн фадыджы Цхинвалы ӕмӕ Дзауы поселочы.

Республикӕйы ӕмгъуыдӕй раздӕр схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн 25 июнӕй 30 июньмӕ 10.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ, хъӕлӕсдӕтты бон та – 1 июлы схъӕлӕс кӕнын ис гӕнӕн 8.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0