Хуссар Иры парламент снысан кодта Национ банчы ног сӕргълӕууӕджы

© Sputnik / Natalia AiriyanДжиоты Жанна
Джиоты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Банчы раздӕры разамонӕджы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй президенты бавдыстӕй йӕ куысты ӕмгъуыды фӕуды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ хорзыл банымадтой Джиоты Жаннайы кандидатурӕ республикӕйы Национ банчы сӕрдары бынатмӕ.

Хуссар Ирыстоны Æфнайæн банк бакодта йӕ уæлæмхас филиал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Жанна: республикӕйы райрӕзтимӕ рӕзынц банчы лӕггӕдтӕ дӕр

Зассеты Феликсы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнын ӕмӕ йӕ бынаты Джиоты Жаннайы снысан кӕныны фӕдыл бавдыст парламентмӕ барвыста президент Бибылты Анатолий.

Зассеты Феликс уыд Национ банчы разамонӕг 2012 азы июнӕй фӕстӕмӕ. Банчы раздӕры разамонӕджы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй президенты бавдыстӕй йӕ куысты ӕмгъуыды фӕуды тыххӕй.

Парламенты спикер Тадтаты Алан радта Зассеты Феликсмӕ бузныджы фыстӕджытӕ президент ӕмӕ парламентӕй.

"Мах дын бузныг стӕм бирӕазон куысты тыххӕй", - загъта спикер.

Зассеты Феликс банысан кодта, Хуссар Ирыстоны банкон системӕ кӕй рацыд арӕзтады зын фӕндаг, ӕмӕ йын ӕхсызгон у, йӕ хайбавӕрд кӕй бахаста Национ банчы райрӕзтмӕ.

"Бафӕлладтӕн. Фӕндыд мӕ ацӕуын ме ‘нӕниздзинады уавӕры тыххӕй, уый загътон президентӕн дӕр", - загъта уый.

Джиоты Жанна 2019 азы февралӕй фӕстӕмӕ у Хуссар Ирыстоны "Сбербанк"-ы сӕргълӕууӕг. Ног бынатмӕ йӕ снысан кӕныны фӕдыл фарст бавдыста бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Джиоты Елена.

"Джиоты Жанна йӕхи равдыста ӕцӕг профессионалӕй. Уымӕн алцыдӕр бантысдзӕн ног бынаты дӕр", - банысан кодта уый.

Хъӕлӕсӕппӕрст уыд гом. Депутатты фылдӕр хай хорзыл банымадтой Джиоты Жаннайы кандидатурӕ.

Хъӕлӕсдӕттыны фӕстӕ Джиоты Жанна банысан кодта Национ банчы фидӕны райрӕзты здӕхтытӕ.

Афтӕ ма уый бафтыдта, ног бынаты йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ куыст ӕмӕ алцыдӕр сараздзӕн, цӕмӕй Национ банк рахиза ног ӕмвӕзадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0