Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты 80% фылдӕр хорзыл банымадтой УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын
Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонӕй протоколтӕ иууылдӕр арвыстой дипломатон каналты уылты Уӕрӕсейы Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, кӕцы цыппӕрӕмы райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, банымадта хъӕлӕстӕ иууылдӕр

ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсдӕттыны хайад райстой фараст мин адӕймагӕй фылдӕр, уыдоны фылдӕр хай хорзыл банымадтой ивындзинӕдтӕ, фехъусын кодта Sputnik минӕварады консулон хайады хистӕр Сергей Алексеев.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыдон махмӕ дӕр хауынц": Хуссар Иры президент Уф Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл

Республикӕйы ӕртыццӕджы фӕцис хъӕлӕсдӕттын УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад дӕр, фадат уыд схъӕлӕс кӕнын ӕвзарӕн фадыджы УФ минӕварады территорийыл Цхинвалы. Ноджы ма дыууӕ фадыджы бакодтой 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕн – столицӕйы ӕмӕ Дзауы.

"Иумӕйагӕй республикӕйы схъӕлӕс кодтой 9143 адӕймаджы. Уыдонӕй 87 проценты хорзыл банымадтой Уӕрӕсейы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ", - загъта Алексеев.

Уӕрӕсейы Централон ӕвзарӕн къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, протоколты 100 процентыл бакусыны фӕстӕ рабӕрӕг, 77,92% кӕй схъӕлӕс кодтой ивындзинӕдтыл, 21,27% та сӕ ныхмӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

УФ Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕслӕсдӕттын хъуамӕ ацыдаид 22 апрелы, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй. Фӕстӕдӕр Владимир Путин бафыста барамынд хъӕлӕсдӕттыны ног датӕйы тыххӕй – 1 июль, фӕлӕ уӕззау эпидемиологон уавӕры тыххӕй хъӕлӕсдӕттын ацыд 25 июнӕй 1 июльмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0