Хуссар Иры депутаттӕ ӕрдзырдтой республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн УФ пенситӕ райсыны зындзинӕдтыл

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæӔхцатӕ
Ӕхцатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕрты ахизыныл тобӕйы уавӕрты республикӕйы бирӕ цӕрджытӕн апрелӕй фӕстӕмӕ фадат нӕй райсын сӕ пенситӕ

ЦХИНВАЛ, 2 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны депутаттӕ дыццӕджы ацӕугӕ рабадтыл ӕрдзырдтой пенсиисджыты фарстыл, кӕцытӕ исынц пенси УФ территорийыл – дыууӕ бӕстӕйы хсӕн арӕны сӕрты ахизыныл тобӕйы тыххӕй уыдонӕн фадат нӕй ацӕуын ӕмӕ йӕ райсын.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрыздӕхт 1,5 мин ӕмбӕстаджы. Ӕнхъӕлмӕ ма кӕсынц ноджы 200-мӕ

"Бирӕ пенсиисджытӕ нӕ райстой сӕ пенситӕ цалдӕр мӕйы. Пенси исынмӕ куы ацӕуой, уӕд сӕ бахъӕудзӕн слӕууын рады, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхой, уый фӕстӕ та дыууӕ къуыри хъуамӕ уой карантины махмӕ. Цы аразы РХИ Хицауад ацы фарсты фӕдыл?", - загъта парламенты вице-спикер Чилӕхсаты Владимир.

Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ ацыдысты республикӕйӕ, сӕ бон нӕу рӕстӕгыл ӕрыздӕхын стыр рады тыххӕй. Афтӕ ма уый бахахх кодта, ӕмбӕстӕгты фылдӕр хай кӕй ацыд се ‘ нӕниздзинады уавӕры тыххӕй – уыдонӕй бирӕтӕ цӕрынц сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ зонгӕтӕм, ӕмӕ сӕм нӕй материалон фӕрӕзтӕ.

"Иу мӕйы дӕргъы гӕнӕн ис ӕркӕнын не ‘мбӕстӕгты Дзӕуджыхъӕуӕй дыууӕ къордӕй, уымӕн ӕмӕ карантины бакӕнынӕн ис фаг бынӕттӕ", - бахахх кодта Чилӕхсаты Владимир.

Парламенты спикер Тадтаты Алан банысан кодта, къуырийы райдайӕнӕй Уӕрӕсейӕ кӕй ӕркодтой студенттӕ ӕмӕ курсантты иууылдӕр, дарддӕр кӕнынц республикӕйы ӕндӕр ӕмбӕстӕгты дӕр.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн ӕхгӕд уыдзӕн ноджы иу мӕй

Пенситы тыххӕй Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар парламенты Куымӕридтаты Анна банысан кодта, ацы фарстыл куыст кӕй цӕуы. Президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Джуссойты Аланӕн бахӕс кодтой исын ӕмбӕстӕгты куырдиӕттӕ, цӕмӕй сын сӕ пенситӕ ӕрвитой Цӕгат Ирыстонӕй Хуссар Ирыстонмӕ.

"Иу адӕймаг ацӕудзӕн, сараздзӕн генералон ӕууӕнкдар документ, ӕмӕ уый руаджы райсдзӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕ арвитдзӕн ардӕм. Ацы адӕм ӕнӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ хъусдардӕй нӕ баззайдзысты", - загъта президенты ӕххӕстбарджын минӕвар.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелӕй, фӕстӕдӕр ӕй адарддӕр кодтой 31 июлы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0