Хуссар Иры мотоæхсджытæ скуынæг кодтой "знæгты"

© Пресс-служба ЮВОХуссар Иры мотоæхсджытæ скуынæг кодтой "знæгты"
Хуссар Иры мотоæхсджытæ скуынæг кодтой знæгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты хайад райстой 3,5 фылдæр уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддоны, уыдон спайда кодтой техникæйы 800 иуæгæй

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Уæрæсейы æфсæддон базæйы мотоæхсджытæ Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты дæлхайæдтимæ иумæ скуынæг кодтой "знаджы" бронетехникæ полигон "Дзарцъем"-ы, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

"Службæгæнджытæ сæххæст кодтой "ныхмæлæуджыты" хæстон æхст танктæ Т72Б3, фистæджыты хæстон машинæтæ БМП-2, артиллерион гарз "Акация", минææхсæн "Сани", автоматикон æмæ къухын гранатометтæ АГС-17 æмæ РПГ-7-æй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Дæлхайæдты командæгæнджытæ спайда кодтой нырыккон æфсæддон конфликтты фæлтæрддзинадæй æмæ среализаци кодтой æнæстандартон скъуыддзæгтæ.

Ахуырты хайад райстой 3,5 фылдæр уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддоны, уыдон спайда кодтой сæрмагонд техникæйы 800 иуæгæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0