Хуссар Иры ӕртыккаг суткӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц коронавирусӕй рынчынты

Рафыссын
Стационары хоскӕнынад цӕуынц ӕрмӕстдӕр дыууӕ адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзоры лабораторийы иу суткӕмӕ ауагътой ӕвдай тестӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, загъта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Югосетпотребнадзор самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Югосетпотребнадзор" самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ

Республикӕйы ӕртыккаг суткӕ нӕй коронавирусӕй ног рынчынтӕ, инфекцион рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц ӕрмӕстдӕр дыууӕ адӕймаджы.

"Ивгъуыд суткӕйы мах ауагътам 74 басгӕрсты, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Афтӕ ма знон карантин фӕцис дӕсгай ӕмбӕстагӕн, ныртӕккӕ карантинон зонӕты баззад ӕрмӕстдӕр 70 адӕймаджы", - радзырдта Гаглойты Анна.

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 87 фӕрчынуӕвӕджы, ауагътой ӕртӕ минӕй фылдӕр тесты.

Ног хабӕртты лентӕ
0