Хуссар Иры разӕсгарджытӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад БТР-тӕ скъӕрын ӕмӕ ӕхсынӕй

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæТактикон ахуыртӕ
Тактикон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Разӕсгарджытӕн ахуыртӕ цыдысты полигон "Дзарцъем"-ы. Бронетранспортертыл скъӕрын ӕмӕ ӕхсынӕй дарддӕр ӕфсӕддонтӕ ахуыр кодтой сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын вазыгджын уавӕрты, ӕхсӕвӕй-бонӕй, цыфӕнды боныгъӕды дӕр

ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы разӕсгарджытӕ быдырон рацыды рӕстӕджы бакуыстой сӕ арӕхстдзинадыл алыгъуызон бронетранспортертӕ скъӕрынӕй, афтӕ ма ауагътой ахуыртӕ сӕрмагонд снайперон винтовкӕтӕ "Винторез" ӕмӕ ӕндӕр ӕхсӕнгарзӕй ӕхсынӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Ӕхсӕвӕй-бонӕй, цыфӕнды боныгъӕды дӕр

Разӕсгарджытӕн тактикон-сӕрмагонд цӕттӕдзинады фӕдыл ахуыртӕ цыдысты полигон "Дзарцъем"-ы. Уыдон равдыстой сӕ арӕхстдзинад бронетранспортетрӕ БТР-82А, бронеавтомобильтӕ "Тигр", "Тайфун" ӕмӕ "Мустанг" скъӕрынӕй, афтӕ ма сӕххӕст кодтой винтовкӕтӕ "Винторез ӕмӕ фистӕджыты пулемет "Печенег"-ӕй ӕхсыны фӕлтӕрӕнтӕ.

Уымӕй дарддӕр ӕфсӕддонтӕ ахуыр кодтой вазыгджын уавӕрты разӕсгӕрст уадзын, ӕхсӕвӕй-бонӕй, цыфӕнды боныгъӕды дӕр.

Быдырон рацыдтӕ балхынцъ сты ӕнӕпилотон авиацийы хайадистӕй ахуыртӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0