Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй радта гранатометтӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ

© Пресс-служба КГБ РЮОХуссар Иры хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй радта гранатометтӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ
Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй радта гранатометтӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй кӕй радта хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, уый фӕдыл ӕй ссӕрибар кодтой уголовон бӕрндзинадӕй, банысан кодтой ПӔК

ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы цӕрӕг барвӕндонӕй радта барадхъахъхъӕнджытӕн хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, хъусын кӕны дыццӕджы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Ленингоры районы ссардтой хӕстӕрмӕджыты егъау парти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы ссардтой хӕстӕрмӕджыты егъау парти

Уагдоны банысан кодтой, хъӕуы цӕрӕг кӕй радта ӕртӕ гранатометы РПГ-26, РПГ-7 гранатометы ӕхсӕз гранатӕйы, 16 гранатӕйы РГО, 20 гранатӕйы РГД-5 ӕмӕ автоматы нӕмгуытӕ.

Комитеты бахахх кодтой, хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ барвӕндонӕй кӕй радтой, уый фӕдыл республикӕйы законтӕм гӕсгӕ хъӕуы цӕрӕджы ссӕрибар кодтой уголовон бӕрндзинадӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0