Хуссар Иры парламент ацыд сӕрдыгон каникулты

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты сӕрдыгон сессийы фӕстаг рабадты рӕстӕджы райстой цалдӕр законы проекты, сӕ нымӕцы паддзахадон граждайнаг службӕйы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны депутаттӕ ацыдысты каникулты 1 сентябры онг. Дыццӕджы депутаттӕ ауагътой фӕстаг сӕрдыгон сесси, кӕцыйы рӕстӕджы ӕркастысты цалдӕр законы проектмӕ, сӕ нымӕцы закон паддзахадон граждайнаг службӕйы фӕдыл, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Хуссар Иры парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой паддзахадон программӕтӕ сӕххӕст кӕныныл

Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ райстой законы проект "Хуссар Ирыстоны паддзахадон граждайнаг службӕйы фӕдыл", афтӕ ма законы проекттӕ "Хуссар Ирыстоны паддзахадон службӕйы системӕйы фӕдыл", ӕмӕ "Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады хсӕн бадзырды ратификаци инфрмацион ӕмархайды тыххӕй фарстыты фӕдыл, кӕцытӕ хауынц мидхъуыддӕгты органты компетенцимӕ".

Депутат Санахъоты Давид ӕрдзырдта ахӕсттӕн амнистийы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, депутаттӕ каникулты кӕй цӕуынц ӕмӕ фарст нӕ аскъуыддзаг кӕндзысты. Парламенты спикер Тадтаты Алан бахахх кодта, ацы фарстӕй кӕй ничи иуварс кӕны йӕхи.

"Мах иууылдӕр хъуыды кӕнӕм, фарстыл куысты рӕстӕджы кӕй райдыдтой карантинон мадзӕлттӕ. Ацы фарстыл кусы профилон комитет каникултӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ", - загъта спикер.

Тадтаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амнисти фӕнд кодтой снывонд кӕнын Стыр Уӕлахизы 75 азӕн, фӕлӕ ныр уый актуалон нал у. Уый банхъардта снывонд кӕнын амнисти республикӕйы 30 азы юбилейӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0