Хуссар Ир адарддӕр кодта арӕнӕвӕрдтӕ Уӕрӕсеимӕ арӕныл

© Sputnik / Natalia AiriyanУӕрӕсеимӕ арӕн
Уӕрӕсеимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕны уылты ахизыныл тобӕ адарддӕр кодтой 31 августы онг. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта информацион гӕххӕтт Хуссар Ирыстонмӕ кӕй фӕнды ӕрцӕуын, уыдонӕн

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штабы скъуыддзаг республикӕйы ӕмбӕстӕгты ӕнӕ карантинӕй ӕрыздӕхыны фӕткы фӕдыл, афтӕ ма Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл арӕнӕвӕрдтӕ иу мӕймӕ адарддӕр кӕныны фӕдыл, 31 августы онг.

Хуссар Иры фæрогдæр кодтой тобæтæ Уæрæсеимæ арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæрогдæр кодтой тобæтæ Уæрæсеимæ арæныл

Дыццӕджы оперативон штаб аскъуыддзаг кодта ссӕрибар кӕнын ӕрцӕуӕггӕгты дыууӕкъуырион изоляцийӕ, кӕд уыдон бавдисой коронавирусмӕ антителатӕ уӕвыны фӕдыл справкӕ. Республикӕмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ уайтагъд хӕдзармӕ бахауыны фадат ис ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ уыдысты рынчын вирусӕй. Аннӕтӕ хъуамӕ 14 боны арвитой карантины.

"Гоймӕгтӕ, кӕцытӕ цӕуынц республикӕмӕ, хъуамӕ рацӕуой 14-бонон карантин. Изоляцийӕ ссӕрибар кӕндзысты адӕмы, кӕцытӕ бавдисдзысты справкӕтӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ, кӕцы сфидар кодта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад", - загъта хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий банысан кодта, уагдон кӕй сарӕзта информацион гӕххӕт, цы ран ис фыст бӕрӕггӕнӕнтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ ис фадат ӕрыздӕхын Хуссар Ирыстонмӕ. Уый фидарӕй загъта, уыцы гӕххӕт ӕртыццӕджы кӕй барвитдзысты дзыллон информацион фӕрӕзтӕм.

Премьер-министр Пухаты Эрик банысан кодта, ӕмбӕстӕгтӕ хорз кӕй хъуамӕ ӕмбарой ацы бавдисгӕ информаци.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой апрелы райдайӕны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0