Йӕ цардӕй ахицӕн "Хуссар Ирыстоны Сырх чиныг"-ы автор

© Sputnik / Наталья АйриянБиолог ӕмӕ зынгӕ ахуыргонд Къӕбулты Зауыр
Биолог ӕмӕ зынгӕ ахуыргонд Къӕбулты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ гоймаджы мӕлӕты тыххӕй йӕ фарсыл Facebook фехъусын кодта парламенты вице-спикер Гасситы Пётр

ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Йӕ цардӕй ахицӕн гуырахстджын зонадон куыст "Хуссар Ирыстоны Сырх чиныг"-ы автор, биолог ӕмӕ зынгӕ ахуыргонд Къӕбулты Зауыр Естатийы фырт.

Зынгӕ гоймаджы мӕлӕты тыххӕй йӕ фарсыл Facebook фехъусын кодта парламенты вице-спикер Гасситы Пётр.

Зындгонд ахуыргонд йӕ цардӕй ахицӕн Цӕгат Ирыстоны.

"Йе 'ввахс хӕстӕджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ, Къӕбулты Зауыры лӕггӕдтӕ райгуырӕн бӕстӕйы раз хынцгӕйӕ, коронавирусы пандемиийы фӕдыл сӕвзӕргӕ уавӕрты хатын Хуссар Ирыстоны президентмӕ, цӕмӕй номдзыд ахуыргонды мӕрдон буар йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕралсынӕн баххуыс кӕной", - ныффыста парламентарий.

Биологон зонӕдты кандидат Къӕбулты Зауыр фӕстаг ӕзты куыста Хуссары Ирыстоны паддзахадон университеты, уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕрдзӕвӕрӕны директоры хӕдивӕг. 2018 азы президент ахуыргонды схорзӕхджын кодта республикӕйӕ уӕлдӕр хорзӕх - "Кады орден"-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0