Хуссар Иры ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы банысан кӕндзысты 2008 азы августы хӕсты 12-ӕм афӕдзы бон. Фондзбонон хӕсты фӕстиуӕгӕн фӕмард сты сабыр цӕрджытӕ, бӕстӕйы хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджытӕ

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕсты афӕдзы боны ацӕудзӕн цалдӕр мысӕн мадзалы, кӕцытӕ хуындзысты "Свободы страшная цена".

Мадзӕлттӕ ацӕудзысты 7 ӕмӕ 8 августы. Акциты организатор у Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет.

"Мадзӕлттӕ райдайдзысты майрӕмбоны Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы. 13.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ уагъд цӕудзӕн фондзбонон хӕсты цауты фоторавдыст "Мгновения… ада". Уыцы бон ма Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы "Сыгъд удты музей"-мӕ 19.00 сахатыл сӕвӕрдзысты дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ", - радзырдта Sputnik культурӕйы министрады кусӕг Остъаты Мадина.

Афтӕ ма, 7 августы республикӕйы столицӕйы Хетӕгкаты Къостайы уынгыл 19.30 сахатыл сорганизаци кӕндзысты акци "Свечи плачут за людей".

Фидауынгӕнӕджы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Семӕ ӕрхастой сабырдзинад: Хуссар Иры нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон

Уыцы бон ма ацӕудзӕн мысӕн мадзал "Геноциды сыфтӕ", кӕцы организаци кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет.

Мысӕн мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты 8 августы дӕр. Хуссар Ирыстоны аргъуанты ацӕудзысты фыдохы панихидӕтӕ гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты фӕдыл.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0