Хуссар Иры Урстуалгоммæ фæуд кæны хидты арæзтад

© Sputnik / Джульетта КозаеваХуссар Иры Урстуалгоммæ фæуыд кæны хидты арæзтад
Хуссар Иры Урстуалгоммæ фæуыд кæны хидты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хидтæ сты сты цæугæдæттæ Рукъ æмæ Леуахийы сæртыл, фæндаг кæны Згъубир, Сба, Брытъат, Едыс æмæ Ерманы хъæутæм

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Урс Туалгоммæ фæуд кæны дыууæ хиды арæзтад. Куыстытæ фæуыдзысты сентябры, фехъусын кодта Sputnik арæзтадон æрмæджыты заводы кусæг Джыгкайты Нарт.

Донхосгæнæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авд дзуары, суаргуырæнтæ æмæ комфорт: цæмæй æлвасы йæхимæ Згъубиры донхосгæнæндон

Ног хидтæ арæзт цæуынц Рукъ-Ерманы фæндагыл цæугæдæттæ Рукъдон æмæ Леуахийы сæртыл, ацы арæзтадæй фæхуыздæр кæндзысты инфраструктурæ коммæ - фæстаг æзты ам фæзынд донуадзæн завод æмæ донхосгæнæндон.

"Хидтæм арæзт цæуынц сæ бахизæнтæ, æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуæм ацы азы сентябрьмæ" - загъта Джыгкайты Нарт.

Арæзтад цæуы экономикон райрæзты министрады заказмæ гæсгæ, егъау донрауагъдадон заводмæ инфраструктурæ срæвдз кæныны нысанæн. Фыццаджы дæргъ, кæцы цæуы Рукъдоны сæртыл, у 22 метры, дыккаг цæуы Леуахийы сæртыл, у 44 метры", - банысан кодта Нарт.

Куыстытæ райдыдтой ивгъуыд аз октябры. Фæндаг, кæцыйыл арæзт цæуынц хидтæ, кæны Згъубир, Сба, Брытъат, Едыс æмæ Ерманы хъæутæм.

© Sputnik / Джульетта КозаеваХуссар Иры Урстуалгоммæ фæуыд кæны хидты арæзтад
Хуссар Иры Урстуалгоммæ фæуд кæны хидты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Урстуалгоммæ фæуыд кæны хидты арæзтад
Ног хабӕртты лентӕ
0