Бекъойты Вано рауагъта клип августы хӕсты тыххӕй

© Photo : Астемир ЧерткоевБекъойты Вано
Бекъойты Вано  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалдӕр бонмӕ клипмӕ бакастысты мингай адӕймӕгтӕ, сӕдӕгӕйттӕй йӕ парахат кӕнынц социалон хызӕгты

ЦХИНВАЛ, 10 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зындгонд ирон зарӕггӕнӕг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Бекъойты Вано рауагъта клип, кӕцы нывонд у 2008 азы хӕстӕн. Видеоӕрмӕгыл куыст цыд 2018 азӕй фӕстӕмӕ.

Цалдӕр бонмӕ клипмӕ бакастысты мингай адӕймӕгтӕ, сӕдӕгӕйттӕй йӕ парахат кӕнынц социалон хызӕгты. Зарӕг бацӕттӕ кодтой зындгонд уӕрӕсейаг специалисттӕ - музыкӕйы автор Алексей Шалыгин, рӕнхъытӕ ныффыста Пётр Синявский.

"Зарӕг фыст ӕрцыд 2008 азы хӕсты хӕдфӕстӕ, сфӕлдыстадон къорд уыд ӕрцӕугӕ ӕвирхъау цауты ӕндӕвдады бын. Бирӕ рӕстӕг сӕ бон нӕ уыд ссарын, кӕмӕн ӕй радтой ӕмӕ ӕрмӕст 2018 азы Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыныл 10 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы ме 'мгар Мамиты Григорий мӕн базонгӕ кодта семӕ ӕмӕ афтӕ срӕвдз ис куыст", - загъта Sputnik зарӕггӕнӕг Бекъойты Вано.

Клипыл куыстой: Амран Ампилагов, Кокойты Георгий, Къӕбысты Ацӕмӕз ӕмӕ Илья Брачик.

Ног хабӕртты лентӕ
0