Хуссар Иры паддзахадон фӕстауӕрцӕн ӕвӕрӕн сараздзысты 2020 азы кӕронмӕ

© Sputnik / Олег РепуховЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвӕрӕнты уыдзысты хӕлцадон продукттӕ, дзаумӕттӕ, сӕ нымӕцы палаткӕтӕ ӕмӕ уаттӕ, электрогенератортӕ. Афтӕ ма уым уыдзӕн сӕрмагонд техникӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон фӕстауӕрцӕн ӕвӕрӕны арӕзтад балхынцъ уыдзӕн ацы азы кӕронмӕ, радзырдта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдыдта паддзахадон фӕстауӕрцы арӕзтад

Паддзахадон стратегион объекты территорийы хӕрарӕзтад бахастой Хуссар Ирыстоны 2020 азы инвестицион нывӕзтмӕ.

Президент Бибылты Анатолий 2018 азы бахӕс кодта УУМ-ӕн паддзахадон фӕстауӕрц саразын. Уӕлвӕткон уагдон 2019 азы бацӕттӕ кодта ӕвӕрӕны арӕзтады фӕдыл ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документты пакет. Ауагътой консультацитӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ, кӕцытӕ баххуыс кодтой саразын проект.

Министры хӕдивӕг бахахх кодта, объекты арӕзтад кӕй райдыдта Цхинвалы ныгуылӕны хайы ацы аз.

"Ацы этапыл активонӕй уадзынц арӕзтадон куыстытӕ, нардуатон организацийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвӕрӕн уыдзӕн цӕттӕ азы кӕронмӕ", - банысан кодта уый.

Бестауты Ацӕмӕз банысан кодта, паддзахадон фӕстауӕрцы кӕй уыдзӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг продукттӕ иу мин адӕймагӕн 10 суткӕмӕ. Ӕвӕрӕнты уыдзысты хӕлцадон продукттӕ, дзаумӕттӕ, сӕ нымӕцы палаткӕтӕ ӕмӕ уаттӕ, электрогенератортӕ. Афтӕ ма уым уыдзӕн сӕрмагонд техникӕ дӕр.

"Афтӕ ма ӕвӕрӕнты уыдзӕн сӕрмагонд техникӕ, кӕцыйӕ архайдзысты уӕлвӕткон цауты рӕстӕджы – уыдон уыдзысты бульдозертӕ ӕмӕ автокрантӕ", - загъта Бестауты Ацӕмӕз.

Министры хӕдивӕг фехъусын кодта, ӕвӕрӕнтӕй пайда кӕндзысты ӕрмӕстдӕр уӕлвӕткон цауты рӕстӕджы хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0