Хуссар Иры разӕсгарджытӕ ацыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ

© МО РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ ацӕудзысты 2020 азы ӕхсӕзӕм хатт, уыдон райдайдзысты 23 августы ӕмӕ адарддӕр уыдзысты 5 сентябрмӕ

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ 15 августы ӕхсӕвы ӕрцыдысты Новосибирскмӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ "АрМИ–2020"-ы хайад райсынмӕ.

© МО РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ
Хуссар Иры разӕсгарджытӕ ацыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ

Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, хуссарирыстойнаг командӕ фыццаг хатт хайад райсдзӕн конкурсы "Отличники войсковой разведки".

"Уӕрӕсейаг фарс фембӕлд не ‘фсӕддонтыл бӕрӕгбонон уавӕры Новосибирскы аэродромы – сӕвӕрдтой цытджын хъарагъул, афтӕ ма ӕфсӕддон оркестр сӕххӕст кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕфсӕддонтӕн ауагътой экскурси Новосибирскы – Хӕстон кады музеймӕ ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕм.

© МО РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ
Хуссар Иры разӕсгарджытӕ ацыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Новосибирскмӕ АрМИ–2020-ы хайад райсынмӕ

Абонӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады командӕ райдайдзӕн цӕттӕ кӕнын конкурсмӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

"Конкурсы фӕлгӕтты уыдзӕн раргъӕвдзысты десант ӕмӕ сараздзысты марш-бросок, афтӕ ма дзы уыдзӕн разӕсгарджытӕ-специалистты конкурс, ӕхстытӕ ӕмӕ разӕсгарӕн къорды рацыд рӕвдзыты бынатмӕ хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныны нысанӕн", - банысан кодтой уагдоны.

Конкурс "Отличники войсковой разведки"-йы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн 23 августы Новосибирскы уӕлдӕр ӕфсӕддон командон ахуыргӕнӕндоны ахуырадон комплексы территорийыл.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы фӕхуыдта Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты хайад райсынмӕ уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг Сергей Шойгу.

Ног хабӕртты лентӕ
0