Рагон ирон адджинаджы ног цард: дзулфыцӕн комбинат срӕвдз кодта задыны кондад

© Sputnik / Natalia Airiyan Задын
Задын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Продукци уагъд цӕуы ног рецептмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ чысыл дзӕкулты уӕй кӕнынц комкоммӕ комбинаты дуканийӕ

ЦХИНВАЛ, 17 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дзулфыцӕн комбинат йӕхи сӕрмагонд рецептмӕ гӕсгӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта задынтӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Задын
Рагон ирон адджинаджы ног цард: дзулфыцӕн комбинат срӕвдз кодта задыны кондад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Задын

Продукци уагъд цӕуы бынӕттон хомӕгӕй. Мӕнӕу ӕркӕнынц Знауыры районы хъӕуты бындырты. Дарддӕры кондадон куыст цӕуы бынаты - ссад дӕтты Фаллаг фарсы уӕвӕг Цхинвалы иунӕг куырой, зад та ссынц комбинаты.

"Зад нӕхӕдӕг рассӕм ам бынаты хуылыдзӕй. Ӕртӕ хатты ӕрцӕуы лӕхурд. Стӕй йӕм уый бӕрц та ӕфтауӕм хуымӕтӕг ссад, уый дӕр у бынӕттон мӕнӕуӕй. Уый фӕстӕ йӕ сӕрмагонд ӕрмӕгыл ныттӕнӕг кӕнӕм, сойаг ӕм не 'фтауӕм, - загъта Sputnik мастер-кондитер Коцты Диана.

Продукци рагон задынмӕ ӕнгӕс нӕ цӕуы арӕзт, фӕлӕ йын фӕзынд бирӕ табугӕнджытӕ, раст хӕрды рацион чи ӕвзары, уыдон хсӕн.
Комбинаты бындурыл ма уадзынц дзул бынӕттон мӕнӕуӕй, ӕрвылбон дзы уӕлтӕрхджытӕм цӕуы 200 иуӕджы бӕрц. Ӕфтыд ма йӕм цӕуы бынӕттон мыд дӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan Задын
Задын - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Задын
© Sputnik / Natalia Airiyan Задын
Задын - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Задын
© Sputnik / Natalia Airiyan Задын
Задын - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Задын
1/3
Задын
2/3
Задын
3/3
Задын
Ног хабӕртты лентӕ
0