Къуыдаргомы йæ куыст райдыдта фæсивæдон форум "Алания 2020"

© Sputnik / Ада БагианГуфта-Эрцъо-Коз
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы фæлгтæтты фембæлдзысты 100 архайæджы бæрц. Фæсивæды зонгæ кæндзысты журналисткæйы авналæнтæ æмæ сусæгдзинæдтимæ, Ирыстоны истори, æрдз æмæ æгъдæуттимæ, æгæрыстæмæй ма сын амондзысты уæлибыхтæ кæнын дæр

ЦХИНВАЛ, 18 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ир Къуыдаргомы Начърепайы хъæумæ хæстæг йæ куыст райдыдта журналистты æмæ блогерты ахуырадон форум "Алания-2020".

Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Къуыдаргомы бакодтой сывæллæтты цатырон лагерь

Мадзалы фæлгтæтты фембæлдзысты 100 архайæджы бæрц, сæ нымæцы студенттæ, куыстыл хæст æвзонг адæм æмæ организатортæ. Фæсивæды зонгæ кæндзысты журналисткæйы авналæнтæ æмæ сусæгдзинæдтимæ, Ирыстоны истори, æрдз æмæ æгъдæуттимæ. Ӕгæрыстæмæй ма сын амондзысты уæлибыхтæ кæнын дæр.

"Дыццæджы форумы архайджытæ æрбынат кæндзысты, стæй фæнд кæнæм ацæуын Къозы цадмæ, æртыккаг бон нывонд уыдзæн ирон адæмы геноцидæн – фæхондзыстæм этнограф æмæ журналист Хъулымбегты Роберты, равдисдзыстæм 100 азы размæ бæллæхыл ист киноныв "Ирон Вандея", - загъта Sputnik проекты къухдариуæггæнæг Тыбылты Алан.

Уый ма банысан кодта, форум кæй ахæсдзæн къуырийы бæрц, ацы рæстæг уырдæм хуынд цæудзысты цымыдисон спикертæ.

Хуссар Иры ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон ахуырадон форум Барс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон ахуырадон форум "Барс"

"Фæхуыдтам президент Бибылты Анатолийы. Гид Карсанты Гурам сæ зонгæ кæндзæн райгуырæн бæстæйы фенддаг къуымтимæ балцыты рæстæджы, хицауады уæнгтæ радзурдзысты паддзахады политикæйы тыххæй, газет "Республикæ" æмæ инфорамцион агентад "Рес"-ы разамонджытæ Хъоцыты Андрей æмæ Харебаты Мая, паддзахадон телеуынынады сæйраг редактор Козаты Дзерассæ дзурдзысты ДИФ-ы куысты тыххæй", - бафтыдта уый.

Блогертæ æмæ журналистты форум "Алания-2020" аразы ПТРК "Ир"-ы кусæг, телеамонæг Тыбылты Алан, кæцы райста "Росмолодежь"-ы фæсаууонмæ конкурсы грант 2019 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0