Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд турнир футболӕй Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны цытӕн

© МВД РЮОТурнир футболӕй
Турнир футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны боны цытӕн турнир сорганизаци кодта Ленингоры районы администраци

ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik. Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады командӕ рамбылдта турнир футболӕй, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны бонӕн. Турниры хайад райстой ӕхсӕз командӕйы. Финалы кубокыл тох кодтой Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ Цъинагары хъӕуы командӕтӕ.

"Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады командӕ ӕнтыстджынӕй ахызт къордон этап ӕмӕ финалы фембӕлд Цъинагары хъӕуы командӕимӕ. Фыццаг гол бакодтой Цъинагары командӕйы минӕвӕрттӕ, фӕлӕ мидхъуыддӕгты хайады командӕ уӕддӕр фӕуӕлахиз 2:1 хыгъдӕй", - дзырдӕуы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хъусинаджы.

Ленингоры районы администрацийы сӕрдар Мамытаты Виталий загъта бузныг турниры организатортӕ ӕмӕ хайадисджытӕн, ӕмӕ радта кубок уӕлахиздзаутӕн.

© МВД РЮОТурнир футболӕй
Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд турнир футболӕй Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турнир футболӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0