Мӕскуыйы сарӕзтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕхты кавалерты клуб

© SputnikМӕскуыйы сарӕзтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕхты кавалерты клуб
Мӕскуыйы сарӕзтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕхты кавалерты клуб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы ис цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы, кӕцытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхтӕй

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik. Мӕскуыйы сарӕзтой ӕппӕтуӕрӕсейон ӕхсӕнаон организаци "Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхты кавалерты клуб" республикӕйы хӕдбардзинады банымады 12-ӕм афӕдзы боны размӕ. Клуб сарӕзтой Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) ӕддагполитикон бастдзинӕдты хайады ӕмархайдӕй республикӕ ӕмӕ УФ ӕмбӕстӕгты фембӕлды рӕстӕджы ивгъуыд майрӕмбоны.

ФХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй клубы сӕрдарӕй равзӕрстой Уӕрӕсейы Хъайтар, Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх "Уацамонгӕйы Ордены" кавалер Константин Тимерманы. Клубы ӕмсӕрдар ссис республикӕйы "Кады" ӕмӕ "Хӕларады" орденты кавалер Виктор Бунин.

Клубы кадджын сӕрдар ссис Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Адӕмон артист, "Хӕларады Ордены" кавалер Александр Панкратов-Черный.

"Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ банысан кодтой, сӕрыстыр кӕй сты Республикӕ Хуссар Ирыстоны ордентӕ ӕмӕ майдантӕй хорзӕхджын кӕй ӕрцыдысты, уымӕй. Уыдон цӕттӕ сты ӕрбаиу кӕнын сӕ тыхтӕ республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмӕн баххуыс кӕнынӕн", - бафтыдтой уагдоны.

Ӕмбырды хайадисджытӕ аскъуыддзаг кодтой клубы рабадтытӕй иу ауадзын Хуссар Ирыстоны столицӕ Цхинвалы.

Уӕрӕсейы ис цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы, кӕцытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны хорзӕхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0