Хуссар Иры ацӕудзысты бӕхты дугътӕ

© Sputnik / Алексей Ковалевбӕхты дугътӕ
бӕхты дугътӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 15 барӕгмӕ, уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ райсдзысты хорзӕхтӕ, музыканттӕ та барӕсугъд кӕндзысты спортивон мадзал

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ацӕудзысты бӕхты дугътӕ. Ацы ком фыццаг хатт ӕфысым кӕндзӕн рагон ирон спортивон мадзалы.

Мадзал нывонд уыдзӕн республикӕйы расидтыл 30 азы сӕххӕстӕн, ерыстӕ ацӕудзысты сентябры райдайӕны.

"Фӕнды нӕ саразын гуырахстджын бӕрӕгбон - ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 15 барӕгмӕ. Уыдзӕн дзы ахадгӕ призтӕ, музыканттӕ та барӕсугъд кӕндзысты спортивон мадзал", - загъта Sputnik Знауыры районы культурӕйы хайады хистӕр Икъаты Марина.

Ерысты бынат уыдзӕн районы стырдӕр кувӕндӕттӕй иу - Гомарты дзуармӕ хӕстӕг фӕзуат.

Фӕстӕдӕр та радон хатт бӕхты дугътӕ ауадздзӕн Къӕбулты Ринат.

"Ацы аз дӕс азы ӕххӕст кӕны, фыццаг хатт куы ацыд ерыстӕ, ууыл ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ ауадзӕм бӕхты дугътӕ. Нӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, дугъты бынатӕн равзарӕм уӕлахиздзауы ком. Уымӕ гӕсгӕ, мах дӕр ауадзыдзыстӕм нӕ ерыстӕ уым, ӕрмӕст октябры", - загъта Sputnik Къӕбулты Ринат.

Ног хабӕртты лентӕ
0