Хуссар Иры Гуырдзыстоны ӕмбӕстагӕн стӕрхон кодтой ӕртӕ мӕйы ахӕст

© pixabay / diegoattorneyХуссар Иры Гуырдзыстоны ӕмбӕстагӕн стӕрхон кодтой ӕртӕ мӕйы ахӕст
Хуссар Иры Гуырдзыстоны ӕмбӕстагӕн стӕрхон кодтой ӕртӕ мӕйы ахӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлдӕр тӕрхондоны радзырдтой, нӕлгоймаг кӕй басаст йӕ фыдракӕндыл ӕмӕ тӕрхондонӕн дӕр загъта бузныг хъуыддагмӕ объективон ӕркасты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы районон тӕрхондон рахаста зылыны тӕрхон Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Хвица Мгебришвилийӕн. Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕртӕ мӕйы ахӕст Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн фехалыны тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлдӕр тӕрхондоны пресс-службӕйы.

Хуссар Иры ӕрцахстой арӕнсӕттӕджы Гуырдзыстонӕй ӕмӕ йӕ бакодтой карантины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой арӕнсӕттӕджы Гуырдзыстонӕй ӕмӕ йӕ бакодтой карантины

Мгебришвилийы ӕрурӕдтой 3 июлы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Адзысӕры хъӕуы цур. Фӕстӕдӕр уый банысан кодта, арӕн кӕй фехӕлдта хӕлынбыттырты колонитӕ ссарыны тыххӕй, кӕцытӕ сты Цхинвалы районы Гром ӕмӕ Арцеуы хъӕуты цур. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) фехъусын кодта, Мгебришвили кӕй фӕнд кодта ауӕй кӕнын хӕлынбыттырты къуыбӕрттӕ Гуырдзыстоны территорийыл.

"Цхинвалы районон тӕрхондон цауы фӕдыл хъуыддаг бакодта 21 августы. Хъуыддагмӕ ӕркастысты сӕрмагонд фӕткмӕ гӕсгӕ", - радзырдтой уӕлдӕр тӕрхондоны пресс-службӕйы.

Уӕлдӕр тӕрхондоны радзырдтой, нӕлгоймаг кӕй басаст йӕ фыдракӕндыл.

"Мгебришвилийы банымадтой азымджыныл Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн фехалыны. Нӕлгоймагӕн стӕрхон кодтой ӕртӕ мӕйы ахӕст", - фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Рабадты кӕрон нӕлгоймаг загъта бузныг тӕрхондонӕн хъуыддагмӕ объективон ӕркасты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0