"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта ивгъуыд суткæйы коронавирусимæ уавæры тыххæй

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæЛаборатори
Лаборатори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтæ фæстаг хатт сбæрæг сты иу мæййæ раздæр. Уæдæй нырмæ республикæмæ æрыздæхтысты сæдæгай æмбæстæгтæ, фæлæ се хсæн нæ разынд иу рынчын дæр

ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik, Козаты Диана. Фæстаг суткæйы Хуссар Ирыстоны сарæзтой 70 тесты коронавирус рабæрæг кæныны тыххæй. Уыдонæй иу дæр нæ равдыста æвæрццаг фæстиуæг, фехъусын кодта "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтæ фæстаг хатт сбæрæг сты иу мæййæ раздæр. Уæдæй нырмæ республикæмæ МХМ хаххыл æрыздæхтысты сæдæгай æмбæстæгтæ, фæлæ се хсæн нæ разынд иу рынчын дæр. Сæдæйы онг æмбæстаджы та æрыздæхтысты сæрмагонд схемæмæ гæсгæ - раздæр уыдысты рынчын æмæ ныридæгæн адзæбæх сты. Уыдон бавдыстой æмбæлон анализтæ.

"Улæфт бонты сарæзтам 68 тесты. Иууылдæр равдыстой, кæй нæй вирус. Дохтырты хъусдарды бын карантины сты 212 адæймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

"Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы æдæппæт сарæзтæуыд 4500 тесты.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ног рынчынты нӕ бӕрӕг кӕнынц 16 июлӕй фӕстӕмӕ. Фӕстаг рынчыны рафыстой инфекцион хайадӕй 10 августы.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0