Бузныг банымады тыххæй! Хуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ
Хуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы сæргълæууæг ауагъта фембæлд Уæрæсейы минæваримæ Хуссар Иры Хæдбардзинад банымайыны боны размæ

ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий УФ минæваримæ йæ фембæлды рæстæджы бузныг загъта Уæрæсейы къухдариуæгадæн, 12 азы размæ кæй бахызта республикæйы адæмы скуынæгæй æмæ йын кæй банымадта йæ хæдбардзинад, уый тыххæй. Хабар хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

"26 август у тынг ахсджиаг бон æппæт республикæйæн дæр. Уæрæсейы ацы къахдзæф уыд тынг нысаниуæгджын махæн. Нæ хæдбардзинадимæ мах райсам сабыр цард æмæ дарддæры райрæзты фадат", - загъта президент. 

Бибылты Анатолий бузныг загъта Марат Кулахметовæн, кæцы уæды рæстæджы дæр уыд Цхинвалы, республикæйы хæрзæбонæн йæ архайды тыххæй.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ
Бузныг банымады тыххæй! Хуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ

Уæрæсейы минæвар дæр банысан кодта, 2008 азы Уæрæсе кæй сарæзта вазыгджын, фæлæ иунæг раст къахдзæф - банымадта Хуссар Ирыстоны. Кулахметов равдыста ныфс, Уæрæсе ныр дæр кæй адарддæр кæндзæн Хуссар Иры паддзахаддзинад фидар кæныны хъуыддаджы йе 'ххуыс.

"Иууыл ахсджиагдæр у, цæмæй хуссарирыстойнаг адæм цæрой сабырад æмæ фæрныгады, Уæрæсе та архайдзæн æххуыс кæнын, æхсæнадæмон фæзуæттыл республикæйы интерестæ размæ кæнын, афтæ ма æдасдзинад хъахъхъæн", - бахахх кодта уый.

Кæронбæттæны ма президент банысан кодта, республикæйы къухдариуæг кæй архайдзæн дыууæ бæстмты хсæн бадзырдты реализацийыл.

Марат Кулахметов
Бузныг банымады тыххæй! Хуссар Иры президент фембæлд Уæрæсейы минæваримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Марат Кулахметов
Ног хабӕртты лентӕ
0