Хуссар Иры ацӕудзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты фӕдыл мысӕн мадзӕлттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБеслӕны трагеди
Беслӕны трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ куыд ссардзысты, уый тыххӕй радзырдта культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зассеты Жанна

ЦХИНВАЛ, 1 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны 1-3 сентябры уагъд цӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ 2004 азы Беслӕны скъолайы теракты амӕттӕгты фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зассеты Жанна.

"Мах схондзыстӕм ацы акци "Плакал сентябрь кровавыми слезами". Абон республикӕйы бирӕ скъолаты, библиотекӕты уагъд цӕуынц фембӕлдтӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц террористон актыл ӕмӕ дзы хи бахъахъхъӕнын куыд хъӕуы, ууыл. Ӕртыккӕгӕм сентябры та ацӕудзӕн сӕйраг мадзал. Уырдӕм ӕрбацӕудзысты Цхинвалы скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ. Мах сӕвӕрдзыстӕм амӕттӕгты 334 къамы. Уый фӕстӕ ацӕудзӕн мысӕн урок, уый ауадздзысты цалдӕр ахуыргӕнӕджы", - радзырдта Зассеты Жанна.

Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бафтыдта, ацы мадзӕлттӕ кӕй ацӕудзысты Цхинвалы театралон фӕзуатыл сом ӕмӕ иннӕбон. Уый ма банысан кодта, ацы акцитӕ, сӕйраджыдӕр, кӕй уадзынц ахуырдзаутимӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕн, цӕмӕй ацы цау рох ма ‘рцӕуа.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0