"Уӕ хӕслӕвӕрд у размӕ кӕнын республикӕ": ХИПУ райдыдта ног ахуырадон аз

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд президент Бибылты Анатолий дӕр

ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik. Цхинвалы ацыд бӕрӕгбонон ралӕуд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ног ахуырадон азы райдайӕны цытӕн. Мадзалы хайад райста президент Бибылты Анатолий дӕр, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ студентты нымӕц фӕфылдӕр: университеты фехъусын кодтой иууыл популярондӕр факультеттӕ

Мадзалы райдайӕны ссардтой Беслӕны трагедийы амӕттӕгты, ХИПУ кусджыты, кӕцытӕ амардысты фӕстаг аз, ӕмӕ Дзабиты Иналы рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

"Республикӕйы цы ‘рцыд, уый у трагеди махӕн алкӕмӕндӕр. Хъӕуы ауадзын барадхъахъхъӕнӕг органты реформӕ. Афтӕ ма хъӕуы раттын фадат Бибылты Анатолийӕн, цӕмӕй Дзабиты Иналы мӕлӕты азымджынты бафхӕрой законы фӕлгӕтты", - банысан кодта ХИПУ ректор Тедеты Вадим.

Афтӕ ма ректор загъта бузныг фыццагкурсонтӕн, ХИПУ кӕй равзӕрстой, уый тыххӕй.

"Мах ахуыргӕнджытимӕ иумӕ сараздзыстӕм алцыдӕр, цӕмӕй фондз азы фӕстӕ уагдонӕй рахизой квалификацигонд специалисттӕ. Уӕ хӕсслӕвӕрд у хорз ахуыр кӕнын ӕмӕ размӕ кӕнын республикӕ", - фехъусын кодта Тедеты Вадим.

Уымӕй дарддӕр Тедеты Вадим бахахх кодта, паддзахады сӕргълӕууӕджы фӕрцы кӕй фӕфылдӕр кодтой сӕрмагонд стипендитӕ студенттӕн.

Йӕ раныхасы Бибылты Анатолий банысан кодта, ахуыргӕнӕндон кӕй у республикӕйы сомбоны бындур.

"Ныры дуджы ӕнӕ зонындзинӕдтӕй нӕй гӕнӕн саразын иу къахдзӕф дӕр размӕ. Уыдон бӕрӕг кӕнынц куыд адӕймаджы, афтӕ паддзахады сомбон дӕр", - фехъусын кодта президент.

Дзабиты Иналы мӕлӕты тыххӕй Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, ацы фыдракӕндты азымджынты ӕнӕмӕнг кӕй бафхӕрдзысты.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмӕ ацы аз бацыд 862 студенты, афтӕмӕй фӕссауон хайадмӕ нырма дӕр исынц адӕмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0