Талатæ æмæ сабитæн фæзуаттæ: Стыр парк ратдзысты горæты администрацимæ баххæстгæнинæгтимæ

© Sputnik / Natalia AiriyanСтыр парк ратдзысты горæты администрацимæ баххæстгæнинæгтимæ
Стыр парк ратдзысты горæты администрацимæ баххæстгæнинæгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ къуыримæ объект ратдзысты горæты администрацимæ гарантион фыстæгимæ, цы ран аразæг йæхимæ райсдзæн бæрн улæфæн зонæ баххæст кæнын 150 тала бæласæй фæззæджы æмæ дзы саразын дыууæ фæзуаты сывæллæттæн

ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ столицæйы уæвæг Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парк ратдзысты горæты администрацийы дæлбар. Улæфæн зонæйы ма аразджытæ ныфс дæттынц фæззæджы баххæст кæнын 150 тулдз æмæ сæбæлуты талайæ æмæ дыууæ фæзуатæй сабитæн.

Стыр парк кæд нырма кæронмæ арæзт нæ фæцис, уæддæр ссис цæрджыты уарзон улæфæн бынат. Социалон хызæгты адæм арæх фæхъазт кæнынц ауæзттæ æнæ донæй кæй сты, ууыл.

"Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ Стыр парк ратдзысты эксплуатацимæ горæты администрацимæ. Уыимæ иумæ ма ратдзысты гарантион фыстæг, цы ран аразæг йæхимæ райсдзæн бæрн улæфæн зонæ баххæст кæнын 150 тала бæласæй фæззæджы æмæ дзы саразын дыууæ фæзуаты сывæллæттæн. Уый фæстæ горæт йæхæдæг скъуыддзаг кæны ауæзты уавæр дæр", - загътой Sputnik арæзтады министрады пресс-службæйы.

Стыр парк хæрзарæзт æрцыд 20 мин квадратон метрыл. Инвестпрограммæмæ гæсгæ йын рахицæн æрцыд 33,5 милуан сомы.

Улæфæн зонæйы сæвæрдтой 37 бандоны, парк срайдзаст кодтой 100 цырагъы. Куыстытæ ам æххæст кодта арæзтадон компани "Цхинвалы арæзтадон компани".

Ног хабӕртты лентӕ
0