Хорз фидæн: Хуссар Иры завод райдыдта уадзын хæдзæрттæ

© Пресс-служба Правительства РЮОХуссар Иры завод райдыдта уадзын хæдзæрттæ
Хуссар Иры завод райдыдта уадзын хæдзæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннадий бабæрæг кодта завод, кæцы уадзын райдыдта æмбырдгæнгæ хæдзæрттæ

ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны завод "Электровибромашина" срæвдз кодта хъæдын хæдзæртты рауагъдад. Амалиуæгады рацарæзт фадат радта бахъахъхъæнын куысты бынæттæ æмæ хъæeгæ продукцийы уадзын, фехъусын кодта премьер-министры хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннадий.

"Инвестпрограммæ æххæст кæнынæн хъæугæ арæзтадон æрмæгæй дарддæр ма завод райдыдта уадзын каркасон хæдзæрттæ. Амалиуæгады фыццаг рады хъæуы бахъахъхъæнын йæ куысты бынæттæ. Йæ рауагъдады продукци уадиссаг нал æлхæнынц, уымæ гæсгæ завод агуры йæ техникон базæйыл цы ис рауадзæн, ахæм рауагъдадтæ. Цы хæдзæрттæ цæттæ кæнынц, уыдон сты хъæугæ æмæ уæрæсейаг аналогтæй зынгæ асламдæр, уæлдайдæр та йын йæ ласыны хæрдзтæ куы банымайай, уæд", - загъта уый.
Дзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы центры арæзт цæуынц хæдзæрттæ 36 фатеримæ

Заводы директор Бестауты Тамазы ныхæстæм гæсгæ, хæдзæрттæ уадзынц нырма æрмæст иу аз.

"Фыццаг хæдзар сарæзтам президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ Тъбеты хъæуы сæ хæдзар цы бинонтæн басыгъд, уыдонæн. Уæдæй нырмæ исæм заказтæ адæм æмæ организацитæй", - загъта Бестауты Тамаз.

Уый ма бафтыдта, хæдзæрттæ аразынц æфсæн каркасы бындурыл индивидуалон проекттæм гæсгæ. Сты хæрзвадат, зынгивæрзтмæ фидар.

Ног хабӕртты лентӕ
0