Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгонд хæдзæртты рауагъд

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгæнгæ хæдзæртты рауагъд
Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгæнгæ хæдзæртты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Завод "Вибромашина"-йы цехтæй иуы бындурыл заказгæнæджы проектмæ гæсгæ дыууæ къуыримæ цæттæ кæнынц хæдзар, кæцыйæн аразджытæ дæттынц иууыл къаддæр 15 азы фæлæууыны гаранти

ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны завод "Вибромашина"-йы цехтæй иуы срæвдз кодтой æбырдгонд хæдзæртты арæзтад. Цæрæнуæттæ арæзт цæуынц заказгæнæгæн йæхи чертежтæм гæсгæ, радзырдта Sputnik завод "Электровибромашина"-йы директор Бестауты Тамаз.

Завод "Вибромашина"-йы цехтæй иуы бындурыл заказгæнæджы проектмæ гæсгæ дыууæ къуыримæ цæттæ кæнынц хæдзар, кæцыйæн аразджытæ дæттынц иууыл къаддæр 15 азы фæлæууыны гаранти.

"Фæлварæнæн фыццаг хæдзар сарæзтам ивгъуыд аз, ныр сæ фæхуыздæр кодтам – цæмæй сæ зымæг ма уа уазал, сæрд та тæвд. Арæзт цæуынц заказгæнæджы чертежтæм гæсгæ. Нырма дыууæ иухуызон хæдзар нæ сарæзтам. Мидæггаг фæлыст равзарæн ис цыппар хуыз æрмæгæй – вагонка, ламинат, гипсокартон æмæ европанель", - загъта Бестуаты Тамаз.

Ныридæгæн заводы цехы куыстытæ сты сæ тæмæны, æмрæстæджы арæзт цæуы цалдæр хæдзары.

© Sputnik / Natalia Airiyan Бестауты Тамаз
Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгонд хæдзæртты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Тамаз

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд раздæр æгуыстæй фæлмæцыдысты, уæд ныр та ацы рауагъдад ног цард радта куыстуатæн.

"Ацы цехы куыст фаг ис, æхсæз адæймаг дзы фæллой кæнынц. Иу хæдзары арæзтадæн хъæуы дыууæ къуыри. Фæлæ фæндаджы проблемæ къуыхцы кæны куыст. Арæзтады пайда кæнæм бынæттон хъæдæрмæгæй, аннæ иууылдæр кæнæм ласгæ", - бафтыда уый.

Хæдзæрттæ цæттæйæ баласынц бынатмæ, уæдмæ сын йæ хицау хъуамæ бацæттæ кæна бындур. Завод "Вибромашина"-й хæдзæрттæй дыууæ ныр дæр райста йæ хицæутты.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгæнгæ хæдзæртты рауагъд
Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгонд хæдзæртты рауагъд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы срæвдз кодтой æмбырдгæнгæ хæдзæртты рауагъд
Ног хабӕртты лентӕ
0