Километрон рад: Зӕрӕмӕджы таможнӕйы ӕрӕмбырд бирӕ хӕдтулгӕтӕ

© Sputnik / Ринат МедоевКилометрон рад: Зӕрӕмӕджы таможнӕйы ӕрӕмбырд бирӕ хӕдтулгӕтӕ
Километрон рад: Зӕрӕмӕджы таможнӕйы ӕрӕмбырд бирӕ хӕдтулгӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн паддзахадон арӕныл фӕндагон змӕлд хуымӕтӕг режимы бакодтой 15 сентябрӕй, фыццаг бон бӕлцӕтты нымӕц афтӕ ахадгӕ нӕ уыд

ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕны сӕртыл цæуджытæй сӕвзӕрд стыр радтӕ. Дӕллаг Зӕрӕмӕджы уадзӕн пункты бæлццæттæй ис километрон рад.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от ИРЫСТОН (@_adaem_novosti)

Дыццӕджы Sputnik-ы уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн, уӕд фӕндагон змӕлд цыд ӕнӕ фӕстиадтӕй.

"Райсом авд сахатыл рацыдтӕн Цхинвайлӕй ӕмӕ нырма дӕр таможнӕйы лӕууын. Тынг бирӕ адӕм цӕуы мӕ сыл нӕ тых кӕнынц. Галиуӕрдыгӕй цы хъӕу Регах ис, уымӕй дӕлдӕр сты хӕдтулгӕты радтӕ", - загъта бӕлццон Дзамболат.

Ӕртыццӕджы райсом Цхинвалы вокзалы дӕр ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм.

"Райсом мӕ фырты ӕрвыстон Дзӕуджыхъӕумӕ ӕмӕ бацыдтӕн вокзалмӕ. Авд сахатыл ӕппӕт автобустӕ уыдысты йедзаг, сӕ нымӕцы цалдӕр сахаты фӕстӕ чи хъуамӕ ацыдиад, уыдон дӕр. Такситӕ дӕр нӕ уыд, адӕм та нырма уыд бирӕ", - загъта Sputnik Цхинвалы цӕрӕг Эльбрус.

Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нырма æнæ радтæй. Хуссар Иры цæрджытæ сæрибарæй цæуынц Уæрæсемæ

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 13 апрелы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ цалдӕр хатт адарддӕр кодтой – фӕстаг хатт августы кӕронмӕ. Республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Фӕстӕдӕр изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон дӕттой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ ӕвдыстой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 90 фӕрынчынуӕвӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0