Хуссар Иры президенты пресс-конференци ацӕудзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сӕргълӕууӕг ауадздзӕн пресс-конференци журналисттимӕ, мадзал трансляци кӕндзысты комкоммӕ эфиры

ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Цхинвалы ӕртыццӕджы ацӕудзӕн президент Бибылты Анатолийы пресс-конференци бӕстӕйы социалон-политикон уавӕры фӕдыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Абон 18.00 сахатыл ацӕудзӕн Бибылты Анатолийы пресс-конференци. Пресс-конференци трансляци кӕндзысты ПТРК "Ир"-ы эфиры", - банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстоны фӕзынд ӕндыгъд ӕхсӕнадон-политикон уавӕр Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал МХМ криминалон милицийы фӕнӕмыны фӕстӕ куы амард, уый фӕстӕ. Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ. Фæстæдæр уагдон фехъусын кодта, ацы хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæм - криминалон милицийы аст кусæджы - рæстæгмæ æрцахстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0