Цхинвалы райдыдта турнир футболӕй сывӕллӕтты командӕты хсӕн

Рафыссын
Турнир, кӕцыйы хайад исынц 15 командӕйы, нывонд у Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы бонӕн

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта сывӕллӕтты футболон турнир, кӕцы нывонд у Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы бонӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

"Ерысты хайад исынц горӕты микрорайонты командӕтӕ. Мах развӕлгъау фехъусын кодтам ацы турниры тыххӕй. Ӕвзонг футболисттӕ алыхатт дӕр зӕрдиагӕй хайад исынц ерысты", - банысан кодта Цхинвалы администрацийы спорты хайады хистӕр.

Турнир балхынцъ уыдзӕн 19 сентябры. Ацы бон ацӕудзысты финалон хъӕзтытӕ.

Цытджын хъарагъул - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон символикӕйы сахат, парад ӕмӕ салют: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры бӕрӕгбон

Республикӕйы бон Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ацӕудзӕн ӕфсӕддон парад, цы ран хайад райсдзысты Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, ПӔК Арӕнгӕрон службӕ, УУМ, юстицийы министрад ӕмӕ уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы парадон къордтӕ. Афтӕ ма фыццаг хатт парады хайад райсдзысты Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады Ӕӕфсӕддонтӕ республикӕйы хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гассеты Ибрагимы ӕрхуындӕй.

Парады фӕстӕ Хуссар Ирыстоны Национ музейы ацӕудзӕн поэтикон марафон "Свой слог я посвящаю тебе, Отчизна".

Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ балхынцъ уыдзысты фейерверкӕй.

Хуссар Ирыстоны ацы аз нысан кӕны республикӕйы сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы бон. 1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕ Советон Цӕдисы сконды. Ацы скъуыддзаг ссис фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0