Хуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой зӕххон ахастыты фарстыл

© Sputnik / Ян ГабараевЗалдайы хъӕу
Залдайы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, арендон ахастыты системӕмӕ паддзахадон мулкъы фадыджы хъӕуы ногӕй ӕркӕсын ӕмӕ бахӕссын ивындзинӕдтӕ

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий бахӕс кодта хицауадӕн басгарын арендон зӕххытӕ, бакусын тарифон политикӕйы фарстытыл, хыгъд ӕмӕ хъусдарды фарстытыл, афтӕ ма саразын мадзӕлтты график, цӕмӕй аиуварс кӕной рӕдыдтытӕ зӕххон ахастыты фадыджы.

Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой сног кӕнын зӕххы законад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой сног кӕнын зӕххы законад

Хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, рабадты хайад райстой хъусдарды органтӕ ӕмӕ районты администрациты разамонджытӕ.

Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, арендон ахастыты системӕмӕ паддзахадон мулкъы фадыджы хъӕуы ногӕй ӕркӕсын ӕмӕ бахӕссын ивындзинӕдтӕ.

"Паддзахадон мулкъӕй хъуамӕ пайда кӕной раст ӕмӕ эффективонӕй. Хъӕуы уаг ӕрӕвӕрын ацы фадыджы", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.

Афтӕ ма уый банхъардта саразын кусӕгон къордтӕ республикӕйы районты профилон организациты специалисттӕ ӕмӕ районты администрациты минӕвӕрттӕй, цӕмӕй бынаты сбӕрӕг кӕной хъӕууон хӕдзарадон куыстытӕн аккаг зӕххытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0