Фылдӕр адӕм – фылдӕр рейстӕ: куыд фӕивта Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ автобусты график

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадон транспорт цӕуы уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы уылты ӕнӕ зындзинӕдтӕй, уый фӕдыл дзы бирӕ адӕм пайда кӕнынц Уӕрӕсемӕ ацӕуынӕн

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ рейсон автобусты нымӕц фӕфылдӕр Уӕрӕсеимӕ паддзахадон арӕны баконды фӕстӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны автомобилон транспорты хайады сӕргълӕууӕг Дудайты Альберт.

Километрон рад: Зӕрӕмӕджы таможнӕйы ӕрӕмбырд бирӕ хӕдтулгӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Километрон рад: Зӕрӕмӕджы таможнӕйы ӕрӕмбырд бирӕ хӕдтулгӕтӕ

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе систой арӕны сӕрты хизыныл тобӕ дыццӕджы, 15 сентябры. Арӕн уыд ӕхгӕд фондз мӕйы дӕргъы, ныр уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы ӕрмӕбырд сты километрон радтӕ.

Уыимӕ иумӕ, республикӕйӕ автобустӕ хизынц уадзӕн пункты уылты ӕнӕ зындзинӕдтӕй, уый фӕдыл бирӕ адӕм пайда кӕнынц ӕхсӕнадон транспортӕй Уӕрӕсемӕ ацӕуынӕн.

"Бирӕ адӕм дзы вӕййы, автобустӕ райдайынц цӕуын райсом раджы. Хӕдтулгӕты бирӕ бынат нӕй, ӕмӕ уайтагъд йедзаг кӕнынц. Ӕндӕрӕбон мах арвыстам рейсы ӕхсӕз автобусы, хуымӕтӕг рӕстӕджы та иу ӕрвыстам дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ автобусы Цӕгат Ирыстонмӕ", - радзырдта Дудайты Альберт.

Дудайты Альберты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕхсӕнадон транспортмӕ ажиотаж тагъд рӕстӕджы фӕкъаддӕр уыдзӕн ӕмӕ рейсон автобустӕ рахиздзысты куысты хуымӕтӕг режиммӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0