Дыккаг аз фӕд-фӕдыл: Хуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир

Рафыссын
Уӕззау атлетикӕйы спорты мастер, Хуссар Ирыстоны физикон культурӕйы сгуыхт кусӕг Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир футболӕй адарддӕр уыдзӕн 3 октябры онг

ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны райдыдта гом турнир футболӕй, кӕцы нывонд у Хуссар Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты сгуыхт кусӕг Бежанты Зелимӕн, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕйы.

© Комитет по молодёжной политике, спорту и туризму РЮОХуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир
Дыккаг аз фӕд-фӕдыл: Хуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир

Ерыстӕ райдыдтой 29 сентябры ӕмӕ адарддӕр уыдзысты къуырийы кӕронмӕ.

"Футболон турниры организатор у Дзауы районы администраци. Турниры хайад исынц дӕс командӕйы. Ӕвзонг футболисттӕ сты 12-13 азы кары. Ерысты архайынц командӕтӕ Цхинвалӕй, Дзау ӕмӕ Знауыры районтӕй, кӕцыты адих кодтой дыууӕ къордыл", - фехъусын кодтой комитеты пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты сгуыхт кусӕг Бежанты Зелимы мысӕнӕн ерыстӕ уагъд цӕуынц дыккаг аз фӕд-фӕдыл. 2019 азы турниры уӕлахиздзау ссис командӕ "Ир" Цхинвалӕй, дыккаг бынатыл ацыд столицӕйы гимнази "Альбион"-ы командӕ, ӕртыккаг бынат та бацахстой цхинвайлаг фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы футболисттӕ.

© Комитет по молодёжной политике, спорту и туризму РЮОХуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир
Дыккаг аз фӕд-фӕдыл: Хуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдыдта Бежанты Зелимы мысӕнӕн турнир

Бежанты Зелим йӕ цардӕй ахицӕн ис аварийы фӕстиуӕгӕн Транскамыл ивгъуыд аз. Уыд уӕззау атлетикӕйӕ Советон цӕдисы спорты мастер, йӕ спортивон карьерӕйы фӕуды фӕстӕ каст фӕцис Тбилисы тренерон скъола, уый фӕстӕ куыста Дзауы районы футболы тренерӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0