Бӕрӕгбонон ӕмбырд ӕмӕ хорзӕхтӕ: Хуссар Иры УУМ нысан кӕны сӕвзӕрды 12-ӕм афӕдзы бон

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уагдон сарӕзтой 2008 азы августы хӕстӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ. УУМ фыццаг разамонӕг ссис республикӕйы ныры президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 2 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) бӕрӕгбонон ӕмбырд ӕмӕ хуыздӕр кусджыты хорзӕх кӕныны церемони ацыд майрӕмбоны Цхинвалы уагдоны сӕвзӕрды 12-ӕм афӕдзы боны цытӕн.

Зынгфӕдисонтӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд президент Бибылты Анатолий, уый радта хуыздӕр кусджытӕн майдантӕ "Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл дӕс азы сӕххӕсты цытӕн". Паддзахады сӕргълӕууӕг ралӕууыд ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ӕмӕ дзырд радта, кӕй сын фӕфылдӕр кӕндзӕн сӕ мызд.

"Проблемон фарстытӕ иууылдӕр скъуыддзаг æрцӕудзысты. Алцыдӕр аразӕм, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕнӕм УУМ кусджыты мыздтӕ. Уӕрӕсейаг коллегӕты ӕххуысӕй республикӕйы къухдариуӕгад хуыздӕр кӕндзӕн УУМ материалон-техникон базӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма кусджыты схорзӕхджын кодтой уагдонон майдантӕй иттӕг хорз службӕйы тыххӕй.

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад сарӕзтӕуыд 2008 азы 4 октябры. Уагдоны фыццаг сӕргълӕууӕг уыд Бибылты Анатолий. Ныр та министрады сӕргъ лӕууы Цоциты Азӕмӕт.

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
1/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
2/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
3/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
4/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
5/5
РХИ УУМ сӕвзӕрды бон
Ног хабӕртты лентӕ
0